филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:54 пятница, 19 июня 2026
15 мая 2026, 09:30
4 мин адæймаджы ацыдысты диспансеризаци Æрыдоны районы

Æнæниздзинады уавæр базонынæн æххуыс у афойнадыл диабет, зæрдæйы, рæуджыты, стæй онкологон æмæ æндæр низтæ сбæрæг кæнынæн

4 мин адæймаджы ацыдысты диспансеризаци Æрыдоны районы. Æнæниздзинады уавæр базонынæн æххуыс у афойнадыл диабет, зæрдæйы, рæуджыты, стæй онкологон æмæ æндæр низтæ сбæрæг кæнынæн. Диспансеризаци цæуы 2 къæпхæнæй. Фыццаг ацæуынц адæм се *ппæт дæр. Низтæ кæмæ рабæрæг кæнынц, кæнæ дохтыртæ дызæрдыг кæй æнæниздзинады уавæрыл фæкæнынц, уыдоны арвитынц лæмбынæгдæр æркаст саразынмæ æмæ профилон специалисттæм. 40 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы адæм  диспансеризаци хъуамæ цæуой алы аз дæр. Уыцы карæй æрыгондæртæ та – 3 азмæ иу хатт. Медицинон æркасты сæйраг хæс у низтæ рагацау рабæрæг кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania