Амæй фæстæмæ хæсдзысты «Цæгат Ирыстоны Хъæбатыр-Мады» кадджын ном. Мадзал баст уыди мады бонимæ. Регионы разамонæг сылгоймæгтæн арфæ ракодта бæрæгбоны фæдыл, куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы хицауад амæй фæстæмæ дæр архайдзысты рæзгæ фæлтæры ахуырады рæзты æмæ æдасдзинады æмвæзад фидардæр кæныныл, стæй сабитæ чи хъомыл кæны, уыдоныл аудыныл. Ныййарæг уæвын æнцон нæу. Уый домы стыр тых æмæ фæразондзинад. Фæлæ аккаг сывæллон схъомыл кæнын æмæ йын дæнцæг уæвын у стыр амонд.
Мады уарзондзинад у æгæрон æмæ æнусон. Арфæ кæнын æппæт сыогоймæгтæн мады боны фæдыл – загъта Сергей Меняйло. «Мад-Хъæбатыры» кадджын номы аккаг систы 12 сывæллоны мад Галина Бойко, Чочиты Майæ, уый у 10 сывæллоны мад, Гегкиты Фатимæ -хъомыл кæны 8 кæстæры æмæ Иринæ Чернега, уымæн та ис 7 сабийы. Ацы кады аккаг свæййынц 7 æмæ фылдæр сывæллоны хорз чи схъомыл кодта, æмæ сæ царды уæрæх фæндагмæ хорз æмвæзадыл чи ракодта, ахæм ныййарджытæ. Цæгат Ирыстоны «Хъæбатыр Мады» кадджын ном хæссынц 56 сылгоймаджы.




