Æрыгон лæппутæ бæрзонддæр кæнынц сæ дæсныйад
40 спортсмены æнæхъæн бæстæйæ æрæмбырд сты Цæгат Ирыстоны – архайдзысты студентты *хсæн Æппæтуæрæсеон тренировкæгæнæн æмбырды уæгъдибар хъæбысхæстæй. Æрыгон лæппутæ бæрзонддæр кæнынц сæ дæсныйад. Афтæмæй сæхи цæттæ кæнынц дунеон ерыстæм. Спортсментæн арæзт æрцыд фембæлд олимпаг чемпионтæ Гуæцæлты Хадзымурат æмæ Рæмонты Сосланимæ.
Бекъойты Артур 10 азы ис профессионалон спорты. Хъæбысæй хæцын райдыдта йæ фыдмæ гæсгæ. Артур у алы æмвæзады турнирты архайæг æмæ призер. Студентты *хсæн дунеон чемпионатмæ йæхи бæстон цæттæ кæны. Тырны сызгъæрин майдан рамбулынмæ. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы уæнг хæцы 92 кг уæзы.
Æппæтуæрæсеон тренировкæгæнæн æмбырдмæ студентты *хсæн Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты 40 богалы бæстæйы алы рæттæй. Юрий Айрапетян у Красноярскы иугонд командæйæ. Ерысты хъахъхъæндзæн Сыбыры федералон университеты кад.
Студентон лигæ сарæзтой 3 азы размæ. Йæ уæнгтæ сты 2 мины æмæ 500 богалы. Сты Уæрæсейы алы рæттæй. Спортивон хъæбысхæсты национ студентон лигæйы президенты ныхæстæм гæсгæ, ахæм æмбырдтæ æххуыс сты спортсментæн, æмæ æрыгæтты спорты рæзтæн.
Уæлдай цæстæнгас дард цæуы зындгонд чемпионтæ цы дæсныйад æвдисæг ахуыртæ саразынц, уыдонмæ. Сæ дæсныйады сусæгдзинæдтимæ æрыгон курдиатджын богæлтты базонгæ кодтой олимпаг чемпионтæ Гуæцæлты Хадзымурат æмæ Рамонты Сослан. Æмбырдтæ хорз фадат сты кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнынæн, зæгъы олимпаг чемпион Гуæцæлты Хадзымурат.
Дунеон ерысты размæ спортсментæн æрмæст ныр нæй рæстæг сæхи цæттæ кæнынæн. Фæстæдæр ма сын арæзт æрцæудзæн ноджыдæр иу æмбырд. Чемпионат та ацæудзæн зымæджы.
