Уый фæдыл ам сарæзтой стыр бæрæгбон
410 азы сæххæст Уналы хъæуыл. Уый фæдыл ам сарæзтой стыр бæрæгбон. Архайдтой дзы куыд бынæттæон цæрджытæ æмæ Уыналæй рацæуæг адæм, афтæ уазджытæ дæр. Ам зæлыдысты арфæтæ æмæ нæ республикæйы сфæлдыстадон къордты зæлтæ. Уыналæн йæ 410 азы фæдыл раарфæ кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Кадджын мадзалы рæстæг уыналы цæрджытæ, стæй йæ рацæуджытæ – хæххон территориты райрæзтмæ алы азты стыр æвæрæн чи бахаста, уыцы адæм æрцыдысты хорзæхгонд. Уыналы бынæттон администрацийы куыд радзырдтой, афтæмæй ам хъахъæд æрцыдысты нæ фыдæлты традицитæ. Цæрынц хъæууон хæдзарады фæрцы. Уынал цымыдисаг хъæу у туристтæн дæр. Ардæм адæм фæстæ æздæхынц, ууыл та дзуры, уый дæр æмæ фæстаг азты дзы кæй фæзынд ног хæдзæрттæ. Ногæй дзы райдыдтой кæрдойы куыст. Ахсджиаг уый у æмæ Садоны хауæццæгтæ дæр кæй хус кæнынц. Уæдæ зæрдæ ис хæстæгдæр рæстæг Уыналы цард ногæй цæтджинагау кæй фыццæн.




