филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:11 среда, 17 декабря 2025
18 июня 2024, 12:22
460 уæзласæн машинæйы сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц æппæтадæмон уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег

460 уæзласæн машинæйы сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц æппæтадæмон уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло ма иу хатт фæнысан кодта, транзитон транспорт хъуамæ фæндаджы былгæрæтты ма лæууа, фæлæ сæрмагод æрлæууæнты. Се ппæт бæрнон кусджытæм дæр Сæргълæууæг фæсидт, цæмæй мониторинг кæной социалон хызтæ. Ацы фæндон комкоммæ бахаста цæрæнуæтты-коммцналон хæдзараты министр Таматы Майрæнмæ. Дыууæ къуырийы размæ Дзæуджыхъæуы бирæфатерон хæдзæрттæй иуы нал скуыста лифт. Цæрджытæ ацы хъуыддаджы фæдыл ныммыхуыр кодтой социалон хызты. Аппаратон æмбырды Сергей Меняйло йе ргом аздæхта бирæ лыггæнинаг фарстатæм. Дыгуры районы сæргълæууæгæн загъта, цæмæй дондзæуæн хызты аивыны фæстæ, фæндаджы уæлцъар хъуамæ сног кæной æвæстиатæй, цæмæй адæм къуылымпыдзинæдтæ ма ййафой. Уымæй уæлдай, ныхас цыди æхсæнадон территоритæ аив кæныныл дæр. Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй Фæскомцæдисон парчы аивдзинадыл куыстытæ райдайдзысты июлы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania