Уæд цæугæдон ахаста 40 цардæй фылдæр. Сæ номыл хъæуы цы мемориал арæзт æрцыд, уый ныртæккæ у базилинаг. Саив кæнын хъæуы йæ алфамблай территори дæр. Уыцы сау бонтæ йæхи
Алы бон дæр ацы номарæн бынатыл вæййынц дидинджытæ æмæ веноктæ. Афæтæмæй зæрдыл æрлæууынц Хъарманы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгты рухс нæмттæ. Цыппор фараст азы размæ сæ цард аскъуыд ам. Æхсай цыппæрæм азы дыууадæсæм июны скъоладзауты аластой быдырмæ кусынмæ. Фæстæдæр, хæрыныл æрбадтысты цæугæдоны раз. Уæд хъуыды дæр ничи акодта, цыбыр рæстæгмæ чысыл дон афтæ тынг кæй раивылдзæн, æмæ цыппор рæзгæ уды кæй ахæсдзæн, уый.
Уыцы рæстæг Цæрæкты Тазрет куыста Хъарманы скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæнгæй. Йæ зæрдыл ныр дæр æрлæууы, скъоладзаутæ быдыры куыд куыстой, фæстæдæр та сæ, хæстæг цы æфсæддон хайад уыд, уый службæгæнджытæ фервæзын кæныныл куыд архайдтой, уый. Хъыгагæн дыууæ салдаты дæр ам баззадысты æнустæм. Тазрет та йæхæдæг фервæзын кодта æхсæз адæймаджы.
Цæрæкты Тазрет: «Æртæ сахатæй фылдæр фæуарыди. Бамбæхсынмæ хъавыдыстæм, фæлæ уæд дон иннæуылты ракалд. Нæ зæрдæ дардтам, уарын банцайдзæн,ууыл».
Дзугкойты Таймураз дæр уыцы æнамонд бон хорз хъуыды кæны. Уæд бахызт фарæстæм къласмæ. Куыд дзуры, афтæмæй тынг æнтæф бон уыди, æмæ ахæм фыдбылызмæ расайдзæн, уый йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыди. Æнæнхъæлæджы арв мигътæй ныттар, райдыдта уарын. Ахуыргæнджытæ æмæ сывæллæттæ сæ зæрдæ дардтой, тагъд кæй фæуыдзæн, ууыл. Фæлæ нæ фæци… Æвæстиатæй Таймураз райдыдта кæстæртæн æххуыс кæнын. Архайдта æппæт хъарутæй. Фелвæста цалдæр сабийы, се хсæн йæ кæстæр хо дæр, фæлæ сæ доны дыккаг уылæн сæ быны фæкодта.
Дзугкойты Таймураз: «Мæ хо дæр мемæ уыди. Фелвæстон æй, æмæ ма иннæ сывæллæтты дæр. Бацархайдтон сæ рахæссыныл, донæй бамбæхсын. Мæ къах цъыфы ныссагъд, уæддæр архайдтон. Фæлæ нæ уæд дон иннæрдыгæй йæ быны фæкодта».
Фыдбылызы бынаты сæвæрдтой мемориал. Фæлæ йын йæ алфамблай саив кæнын не нтысы. Нæ хъыгдардбаййафджытæм, нæ бынæттон разамындмæ фæрæзтæ нæй, – зæгъынц. Се ппæт дæр сæ зæрдæ дарынц, иннæ аз, фыдбылызы фæндзай азы бонмæ уавæр кæй аивдзæн, ууыл.
Баситы Таймураз: «Мæ дыууæ хойы ам баззадысты мæнæн. Мæнæ цы ран вæййæм арæх, æрымысæм сæ. Цыртдзæвæн хъæуы бацалцæг кæнын. Базилын ацы территоримæ. Адæм цæуынц ардæм. Цæудзысты 6 мæйы фæстæ дæр, фыдбылызыл 50 азы куы сæххæст уа, уæд. Хъуамæ сæ ма рох кæнæм, æппынæдзух мысæм».
Хъарманы цæрджытæй алчидæр йæ зæрдыл дары æхсай цыппæрæм азы цаутæ. Алы бон æрымысынц, чи йе ‘мкъласоны, чи йе ‘мкусæджы, чи йæ хæстæджы.
