филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:48 среда, 01 мая 2024
26 октября 2021, 13:57
5 æнтыстджын проектæн сæ бон бауыдзæн республикæ райрæзты ног къæпхæнмæ ракæнын

Уыдоны тыххæй Дзанайты Барис бæстонæй радзырдта Уæрæсейы Хицуады сæрдары хæдивæг Александр Новак цы æмбырд сарæзта, уым

5 æнтыстджын проектæн сæ бон бауыдзæн республикæ райрæзты ног къæпхæнмæ ракæнын. Уыдоны тыххæй Дзанайты Барис бæстонæй радзырдта Уæрæсейы Хицуады сæрдары хæдивæг Александр Новак цы æмбырд сарæзта, уым. Æркастысты дзы Цæгат Кавказы федералон зылды экономикон рæзты модельтыл. Цæгат Ирыстонæн ахадгæ уыдзысты алы сезоны дæр чи кусдзæн, уыцы комплекс «Мамысон», агрохолдинг, балер кæсаджы хæдзарад, хъæрмуæтты комплекс æмæ дыргъдæттæ. Республикæйы аграрон промышленносты фæнд кæнынц 17 проекты – уый инвестициты 32 милиарды æмæ 2700 ног куысты бынæттæ. Цæгат Ирыстоны экономикон модель æххæст кæнгæйæ, Александр Новак бахаста профилон проекттæ баиу кæнын фæндон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania