филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:55 среда, 04 июня 2025
20 мая 2025, 10:44
50 æрыгон лæппуйы æмæ чызджы архайдтой рамбулыны фыццаг республикон турниры

Æнтыстдзинад 3 хъуыддагæй аразгæ у  спорты ацы хуызы

Ныфсхаст уæвын, æмбалы зæрдæйæ *нкъарын æмæ фæткмæ гæсгæ кусын. Æнтыстдзинад 3 хъуыддагæй аразгæ у  спорты ацы хуызы. Бæхх хуымæтæг цæрæгой кæмæн нæу, фæлæ æцæг æмбал. 50 æрыгон лæппуйы æмæ чызджы архайдтой «Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы» кубок  рамбулыны фыццаг республикон турниры. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Быдыры æрмæст цæлхдурты сæрты ахизын нæ, фæлæ ма цырд уæвын, æнæ рæдыдæй æххæст кæнын æппæт хæслæвæрдтæ. Къусраты Меганæн уыдон æнцонæй уайынц. Чызг 2 азы размæ равзæрста  спорты ацы хуыз. Уыцы рæстæгмæ сси арæхстджын бæхылбадæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый у йе *мбал Сильвестримæ дæргъвæтин тренировкæты хатдзæг. «Сыгъдæг Георгий Уæлæхизхæссæджы» кубок рамбулыны турнир æмзонд хæлæрттæн у дыккаг ахсджиаг ерыс.

 «Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы» кубок рамбулыны турнир ацы спорты хуызæй арæзт æрцыд фыццаг хатт. Ерысты архайдтой скъолайы 50 хъомылгæнинаджы. Сывæллæттæ равдыстой хорз цæттæдзинад. Ацы турнирæй скодтой спортивон скъолайы афæдзы куысты хатдзæгтæ.

Бæхты спорты цæгатирыстойнаг скъолайы ныффидар хорз традицитæ. Стыр у æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ Цæгат Кавказы федералон зылды, стæй ма  –  нæ бæстæйы иунæг, сывæллæттæн лæвар архайыны фадат кæм ис, ахæм.

Спортсментæ æдзух фархайынц турнирты. Уыдонæн сæ хæстæгдæртæ нысангонд сты 31-æм маймæ. Мæскуыйы Цæгат Ирыстоны иугонд командæ ерыс кæндзæн Уæрæсейы Кубок рамбулынæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania