филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:00 воскресенье, 19 мая 2024
29 марта 2022, 12:23
50 азы Октябрьскæйы кусы адæмон театр

Йæ сцæнæмæ рацæуынц хæдахуыр актертæ

Уæвгæ, аивад цæры, модæ, технологон процесс æмæ политикæ нæ хынцгæйæ. Йæхимæ лвасы канд профессионалты нæ, фæлæ аивадуарзджыты дæр. Уымæн ирд дæнцæг у, 50 азæй фылдæр Октябрьскæйы цы адæмон театр кусы, уый. Йæ сцæнæмæ рацæуынц хæдахуыр актертæ. Кæд æндæр дæсныйæдтыл сахуыр сты, уæддæр сæ курдиатæй фæндаг ссардтой театрдзауты зæрдæмæ. Театры коллективимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бакæсæм Сосранты Жаннæйы сюжетмæ.

Ам сценæйы æмбæрзæн æруадзынц канд спектаклы фæстæ.  Æппынæдзух дзы цæуынц репетицитæ, сфæлдытадон куыст. Ам архайынц, аивады ацы хуыз чи уарзы, ахæм адæм. Актæры дæсныйад сæм нæй, алчи дæр сæ театрæй рацæугæйæ райдайынц æндæр куыст кæнын. 

Мæхъиты Алинæ у Мæскуыйы культiooурæйы институты рауагъдон. Уым райста режиссеры дæсныйад.  Æнæмæнг адæмон театры труппæимæ кусынæн хъæуы уæлдай дæсныдзинад. Ам цы актертæ хъазы, уыдоны фылдæр хъæуы сценаримæ цæстдарын, фæлæ адон дæр уарзынц сæхи сфæлдыстадон æвæрæн бахæссын постановкæмæ. Алчидæр сæ йæхи хуызы фæагуры театрдзауы зæрдæмæ фæндаг.

Театры сног кодтой репертуар. Ныр афæдз æмæ рдæг æвдисынц ирон театрдзауы уарзон пьесæ «Пæсæйы фæндон». Æрыгон чызг бауарзта мæгуыр лæппуйы, фæлæ йын йæ сыхаг та ссардта æндæр кæйдæр. Куыд ис ацы уавæрæй рацæуын, уый æвзарынц постановкæйы. Пæсæйы ролы хъазы Хъуылымбекты  Виктория. Чызг юристы дæсныйад райсыныл ахуыр кæны, фæлæ йæ цард нæ уыны æнæ театрæй. Сценæмæ алы рацыд дæр ын йæ зæрдæйы æвзæрын кæны ног æнкъарæнтæ.

Цалынмæ Мысырхан йæ сыхаджы хъысмæт аразы, уæдмæ зæрдæхæлар Цола цин кæны сæвзæрд уавæрыл. Постановка кæд уарзондзинады тыххæй у, уæддæр дзы сæйрагдæр у лымæн цард. Режиссеры сæйраг нысан у равдисын æцæг адæмуарзондзинад.

Ам æдзухдæр цæттæ сты æрыгон актертæн баххуыс кæнынмæ. Уæлыгæсаты Тамарæ  театры архайы æнусы рдæгæй фылдæр. Куыд зæгъы, афтæмæй йын йæ алы роль дæр у уарзон. Уыимæ йын дзы алкæцы дæр йæ уды ныууагъта цавæрдæр фæд. Ныр та йын сæйрагдæр у фæсивæдæн баххуыс кæнын, се сфæлдыстадон гæнæнтæ раргом кæнын.

Ацы аз адæмон театр фæнд кæны адæмы размæ рахæссын Айларты Асæхмæты пьесæ «Сау лæппу». Спектаклы архайдзысты Горæтгæрон районы культурæйы  галуаны кусджытæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania