филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:24 воскресенье, 14 декабря 2025
19 августа 2025, 10:41
50 лæппуйы æмæ чызджы республикæйы æппæт районтæй сæ фæллад суаддзысты хæххон лагерь «Фидæн»-ы дыккаг фæлтæры

Фæсивæд сæ бон арвитынц хъæлдзæгæй æмæ пайдаимæ

50 лæппуйы æмæ чызджы республикæйы æппæт районтæй сæ фæллад суаддзысты хæххон лагерь «Фидæн»-ы дыккаг фæлтæры Махческы. Дыккаг фæлтæр байгом сабаты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, лагерь кусы Махческы скъолайы. Фæсивæд сæ бон арвитынц хъæлдзæгæй æмæ пайдаимæ. Ацæуынц бæхтыл балцы, ахуыр кæнынц ирон кæрдзынтæ, цыхт кæнын. Уымæй дарддæр сын амонынц зырнæй зилыны куысты сусæгдзинæдтæ, зарынц, кафынц, хъазынц æмæ ахуыр кæнынц.  Кæй зæгъынц æй хъæуы, лагеры стыр куыст цæуы патриотон хъомыладыл. Сæйраг домæнтæй иу – чырæ телефонтæй цыбыр æмгъуыд пайда кæнын, бонмæ æрмæстдæр иу сахат. Иннæ рæстæг та – æцæг сæрдыгон фæллад уадзын æмæ ног адæмимæ зонгæ кæнын. Афтæ ныффыста йæ телеграм-каналы ахуырады æмæ наукæйы министр. Алыбекты Эллæ ма бузныджы ныхæстæ загъта бынæттон цæрджытæн, сывæллæттæн дæсныйадæвдисæг ахуыртæ кæй кæнынц, уый тыххæй. Бæстон сын дзурынц хъæууон хæдзарады тыххæй, æмæ сæ ахуыр кæнынц аграрон куыстыл. Иннæ аз фæнд кæнынц лагеры фæлтæртæ фæфылдæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania