филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:30 воскресенье, 14 декабря 2025
05 июня 2014, 17:32
500 мин сомы ивар бафидын хъæудзæн, арæзтад куы ныддæргъвæтин уа, уæд

Абон хорзыл нымад æрцыд ацы федералон закъоныпроект Цæгат Ирыстоны Парламенты Советы радон æмбырды.

Нырæй фæстæмæ арæзтады мгъуыдтæ чи хала, уый æййафдзæн административон æфхæрд.

500 мин сомы ивар бафидын хъæудзæн, арæзтад куы ныддæргъвæтин уа, уæд
500 мин сомы ивар бафидын хъæудзæн, арæзтад куы ныддæргъвæтин уа, уæд. Абон хорзыл нымад æрцыд ацы федералон закъоныпроект Цæгат Ирыстоны Парламенты Советы радон æмбырды. 
Нырæй фæстæмæ арæзтады мгъуыдтæ чи хала, уый æййафдзæн административон æфхæрд. Депутаттæ ацы фарста нымайынц тынг ахсджиагыл. Парламенты хæстæгдæр æмбырды нысан кæнынц бæстон æрныхас кæнын, бирæ рæстæг кæронмæ æнæарæзтæй чи лæууы, уыцы объекттыл. Ныртæккæ нæ республикæйы сæ иумæйаг аргъ у 7 миллиард соммæ ввахс. 
Уымæй дарддæр ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр. Зæгъæм, хойраджы продуктты ад тынгдæргæнæг хъацæнтæ куы уа, уæд сæ хъуамæ уæй кæной сæрмагонд бынæтты. Æмæ сыл хъуамæ æнæмæнгæй фыст уа, цы сæм бафтыдтой, уый. Ацы хъæппæрисы автортæ æрхастой иртæстыты бæрæггæнæнтæ. Уым фыст ис, ахæм продукттæ æнæниздзинадæн зиан кæй хæссынц. Цæгатирыстойнаг депутаттæ рахæцыдысты ацы закъоныпроекты фарс. Стыр æргом ма здæхт æрцыд Южныйы поселочы тарнизы рынчындоны уавæрмæ дæр.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania