Ерыстæм цæттæгæнæн къæпхæны архайдта 30 адæймаджы
Чи фæцæф, уыцы адæймаджы тохы быдырæй æвæстиатæй эвакуаци скæнын, фыццаг æххуыс ын бакæнын, уыимæ, æнæрæдыдæй. 58-æм æфсады медицинон службæйы специалисттæ архайдтой профессионалон дæсныйады конкурс «Æфсæддон-медицинон эстафетæ»-мæ цæттæгæнæн къæпхæны. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, æфсæддон медикты, цæф адæммæ бахæццæ уæвын хъуыди зындзинæдты сæрты хизгæйæ, бронетранспортерæй сæ ракæнын, æмæ сæ альпинистон фæрæзты фæрцы бынатмæ бахæццæ кæнын. Медицинон кусджытæ ма сæхи бафæлвæрдтой Калашниковы автоматæй æмæ Макаровы дамбацайæ æхсынæй. Уымæй уæлдай, æфсæддон – медикты сæ цæттæдзинад равдисын хъуыди хъахъхъæд санитарон машинæ «Линза» æмæ алы ранмæ дæр чи бацæуы, ахæм машинæ «Тигр»-ыл кусынæй. Ерыстæм цæттæгæнæн къæпхæны архайдта 30 адæймаджы. Конкурсы æфсæддон зылды къæпхæн ацæудзæн мартъийы, 19-æм мысанæхсæн дивизийы полигоны.




