филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:20 суббота, 28 сентября 2024
30 апреля 2021, 13:33
58-æм æфсады службæгæнджытæ сæхи цæттæ кæнынц Уæлахизы Парадмæ

Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзы арæзт æрцыд репетици

58-æм æфсады службæгæнджытæ сæхи цæттæ кæнынц Уæлахизы Парадмæ. Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзы арæзт æрцыд репетици. Æфсæддонтæ бакуыстой кадджын æмбырды цалдæр къæпхæныл. Сæ арæхстинад равдыста Дзæуджыхъæуы гарнизоны иугонд оркестр. Ацы аз, пандемияйы уавæрмæ гæсгæ, парад цæудзæн æдасдзинады æппæт домæнтæ хынцгæйæ. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

Алцыдæр хъуамæ уа, Уæлахизы Парады бон куыд уыдзæн, афтæ. Мин æмæ 300 æфсæддонæй фылдæр сæ фæлтæрддзинад равдыстой Сæрибары фæзы. Парад саив кæндзæн æфсæддон оркестр. Фыццаг хатт Дзæуджыхъæуы гарнизоны иугонд оркестрæн разамынд дæтты Вячеслав Апалько. Сфæнд кодта репертуар аивын æмæ йæ фæуæрæхдæр кæнын. Уымæ гæсгæ 9-æм майы 5 маршы бæсты оркестр ацæгъддзæн 9.

Æвзонг суворовон Николай Молчанов дыккаг хатт архайы Парады. Афтæмæй йын фадат ис йæ кадджын дадайæн, æмæ ма цыппорæм азты йæ райгуырæн зæхх чи хъахъхъæдта, уыдонæн арфæ ракæнын.

Пандемияйы уавæрты Уæлахизы Парад ацæудзæн æдасдзинады æппæт мадзæлттæ хынцгæйæ. Архайдзысты дзы 8 ветераны. Фæлæ та, фароны хуызæн, Сæрибары фæзы адæм нæ уыдзæн.

Уæлахизы Парады иннæ репетици уыдзæн 3-æм майы. Уæд дзы архайдзæн æфсæддон техникæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania