03 июня 2014, 11:21
6-æм июны Челябинскы уыдзæн æппæтуæрæсеон форум коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынæн
Арæзт цæуы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй. Форумы агъоммæ партийы цæгатирыстонаг хайады ныхас цыди ацы къабазы ахсджиагдæр фарстатыл. Фæлхасгæнджыты тынгдæр цы
Арæзт цæуы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй. Форумы агъоммæ партийы цæгатирыстонаг хайады ныхас цыди ацы къабазы ахсджиагдæр фарстатыл. Фæлхасгæнджыты тынгдæр цы хъуыддæгтæ тыхсын кæнынц, уыдон хъуамæ хаст æрцæуой форумы куыстмæ. Сæйрагдæр ныхас цæуы бирæфатерон хæдзæртты цалцæгыл, паддзахадон æмæ муниципалон хицаудзинады æмгуыстадыл, коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинадыл. Адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм ракæныныл, æмæ коммуналон лæггæтты тарифтыл. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй цæрæн-коммуналон хæдзарады темæ нæ республикæйы у ахсджиагдæртæй иу. Уымæ гæсгæ форумы куысты архайдзæн Цæгат Ирыстоны делегаци дæр. Цы фарстатæ бацæттæ кæной, уыдон алыг кæныныл æрдзурдзысты федералон æмвæзадыл.

темæмæ гæсгæ