Дыууæаздзыдæй йын дохтыртæ сæвæрдтой диагноз – герпетический энцефалит
Павлодольскæйы станицæйæ 6-аздзыд Даринæ ныр цалдæр азы тох кæны, кæддæр цы инфекцийæ фæрынчын, уый фæстиуджытимæ. Дыууæаздзыдæй йын дохтыртæ сæвæрдтой диагноз – герпетический энцефалит. Чызг скодта цалдæр фæлтæры реабилитаци. Хъæуы ма иу Мæскуыйы – Центр «Три сестры»-йы. Йæ аргъ у 600 мин сомы. Ахæм æхцайы фæрæзтæ бинонтæм нæй. Махæн не *ппæтæн нæ бон у баххуыс кæнын Даринæйæн. Бæлвырддæр Чехойты Фатимæйы æрмæджы.
6-аздзыд Дарина Немова куклайы ласы каляскæйы æмæ та ракæсы камерæмæ. Ацы рæсугъд гыццыл чызгæн тынг хъыгдард у йе *нæниздзинад. 2 азы йыл нæма сæххæст, афтæ йæхи æвзæр банкъардта. Павлодольскæйæ станицæйæ йæ аластой рынчындонмæ.
Ам Даринæйы уынæм, куы нæма фæрынчын, афтæмæй. Йæ гыццыл къæхтæй уайы, йæ алыварс дунейимæ зонгæ кæнынмæ. Афтæ та – ис рынчындоны. Сывæллон йæ сæр уæлæмæ дæр нæ исы. Даринæмæ нал уыд тых бадынæн, цæуынæн æмæ ма суанг дзурынын дæр.
Морозовы номыл рынчындонæй Даринæйы куы рафыстой, уæд райдыдтой йæ реабилитацийы азтæ. Уыдысты Пятигорскы, вæййынц Дзæуджыхъæуы центр «Ир»-ы дæр. Фæлæ чызг йæхи хуыздæр æнкъарын райдыдта Мæскуыйы центр «Три сестры»-йы реабилитацийы фæстæ. Уæд Даринæ йæ мады къухыл хæцгæйæ райдыдта йæхи къахæй цæуын. Ныр хъуамæ уыцы центры ацæуа реабилитацийы радон курс. Кæны 600 мин соммæ хæстæг. Бинонтæн сæхи бон ахæм æхцайы фæрæзтæ бафидын нæу. Уыдон æххуыс бацагуырдтой Русфонды.
Дохтыртæ Даринæмæ раиртæстой эхолали – сывæллон адæмæй цы ныхæстæ хъусы, уыдон дзуры. Фæлæ уæддæр хуыздæр райдыдта æмбарын, йæхимæ йын куы фæдзурынц, уæд. Дзуапп раттын дæр бафæлвары.
Реабилитацийы радон курсы аргъ у 594 (фондз сæдæ нæуæдз цыппар) мины 825 (æстай дыууын фондз) сомы. Даринæйæн баххуыс кæнынæн цыбыр номыр 5542-мæ арвитын хъæуы смс -хъусынгæнинаг ныхас «Дети»-имæ æмæ æхцайы бæрц, зæгъæм, ДЕТИ 100. Уыцы æхца ист æрцæудзæн адæймаджы чырæ телефоны хыгъдæй. Æхца арвитын ма ис Qr-коды руаджы дæр. Æххуыс бакæнын æндæр хуызтæ фенæн ис Русфонды сайты.
Чысыл рæстæгмæ æнæниз сывæллон сæдых. Цæмæй фæфидар уа, ууыл кусынц дохтыртæ, йæ ныййарджытæ æмæ Даринæ йæхæдæг. Фæлæ ма цъæхдзаст чызджы хъæуы адæмы æххуыс дæр.




