филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:10 вторник, 07 мая 2024
08 июля 2019, 17:00
6 млрд æмæ 5 сæдæ мин сомы дихгонд æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны национ проекттæ æххæст кæныны тыххæй

Республикæ фæрæзты фылдæр хай райсдзæни федералон бюджетæй.

6 млрд æмæ 5 сæдæ мин сомы дихгонд æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны национ проекттæ æххæст кæныны тыххæй.
Республикæ фæрæзты фылдæр хай райсдзæни федералон бюджетæй. Ууыл ныхас цыди министртæ, комитетты разамонджытæ æмæ бынæттон администрациты сæргълæуджытимæ æмбырды, разамынд ын лæвæрдта Тускъаты Таймураз. Хицауады сæрдар куыд загъта, афтæмæй ацы хъуыддаджы ахсджиаг у, заказгæнджытæ æмæ подрядон организациты æмгуыстад. Мызд хъуамæ уа афоныл. Ныхас ма цыди Беслæны рæзты генералон пълан баххæст кæныныл дæр. Уымæй уæлдай, бæстонæй æрдзырдтой Черменыхъæуы ног скъолайы арæзтадыл дæр. Уыдзæн дзы 360 бынаты. Цæрæнуæттæ-коммуналон хæдзарады артаг æмæ энергетикæйы министрадæн, стæй Мæздæджы районы бынæттон администрацийæн бахæс кодтой, Притеречный æмæ Павлодолскийы хъæутæм хæстæг сыгъдæггæнæнты арæзтадæн документаци бацæттæ кæнын. Хæстæгдæр рæстæг ма проетон-сметон документаци скæнын хъæуы Алагиры дондзæуæн системæйы рацарæзтæн дæр, загъта Тускъаты Таймураз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania