филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:54 четверг, 26 июня 2025
03 июня 2014, 11:23
60 азæй фылдæр завод «Победит»-ы кæнынц уæззау згъæрты куыст

Кæддæр йæ продукци дунейы бæстæты хъуыстгонд кæмæн уыд, уыцы куыстуаты архайд экономикæйы рацарæзты уæззау азты бамынæг. Фæлæ заводы разамынд архайдта, цæмæй завод ма ныллæууа.

60 азæй фылдæр завод «Победит»-ы кæнынц уæззау згъæрты куыст
Кæддæр йæ продукци дунейы бæстæты хъуыстгонд кæмæн уыд, уыцы куыстуаты архайд экономикæйы рацарæзты уæззау азты бамынæг. Фæлæ заводы разамынд архайдта, цæмæй завод ма ныллæууа.

Ныр куыстуат йæхиуыл фæхæцыд æмæ дзы æххæст кæнын райдыдтой УФ-йы хъахъхъæнынады министрады паддзахадон заказ. Ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц ног згъæрты æмтад уадзынмæ.

Знон нырма студент, абон та ахуыргонд специалист. Сасиаты Батрадз у завод «Победит»-ы æрыгондæр кусджытæй иу. Молибден æмæ вольфрам кæм ис, уыцы концентраттæ судзæн цехы специалист хъуамæ бæстон зона куыстадон технологи.

Сасиаты Батрадз, гом акционерон æхсæнад «Победит»-ы кусæг: «Фæнды мæ ацы куыстуаты кусгæйæ баззайын. Афæдз æмæ рдæг йеддæмæ дзы нæма дæн, фæлæ мæ зæрдæмæ цæуы. Фæдæн Хæххон – металлургон институт, уыимæ кусын мæ дæсныйадмæ гæсгæ, æмæ уый дæр бирæйы аргъ у. Куыд мæм кæсы, æфтæмæй куыстуаты уавæр азæй-азмæ хуыздæр кæны. Мæ хуызæн æрыгон специалисттыл дæр уый хуыздæрырдæм фæзыны. Мах дæр базонæм алы технологитæ».

Батрадз æмæ йе мгар æрыгон специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы дæсныйад кæй равзæрстой, уымæй нæ фæрæдыддысты. Кæд иу цасдæр рæстæг завод зын уавæры уыд, уæддæр. Заводы разамынд æрæджы ног бадзырд кæй бафыста, ууыл се ппæт дæр зæрдиагæй сæмбæлдысты. Уæрæсе Индийæн цы хæцæнгæрзты хуызтæ æрвиты, уыдоны цавæрдæр хæйттæ кæнынц «Победит»-ы. Зæгъæн ис æмæ техникæйы фидардзинадыл бакуыстой ацы заводы специалисттæ дæр.

Бæройты Феликс, гом акционерон æхсæнад «Победит»-ы хицау: «Ацы æмæ иннæ азтæн цы пълантæ скодтам, уыдонмæ гæсгæ куыстуат рæздзæн. Нæ продукцийы рауагъд кæндзæн фылдæр, дзæвгар фылдæр уаддзыстæм згъæрты æмтадтæ дæр. Уыдонæй та пайда кæнынц бирæтæ, куыд нæхи бæстæйы, афтæ фæсарæйнаг куыстуæтты дæр. Ныр хъахъхъæнынады министрады паддзахадон заказ кæй æххæст кæнæм, уый дæр ныфс дæтты 2014-2015 азты куыст хорз кæй уыдзæн, уымæй».

60 азæй фылдæр завод «Победит»-ы кæнынц уæззау згъæрты куыст. Кæддæр йæ продукци дунейы бæстæты хъуыстгонд кæмæн уыд, уыцы куыстуаты архайд экономикæйы рацарæзты уæззау азты, бамынæг. Фæлæ заводы разамынд архайдта, цæмæй завод ма ныллæууа. Ныр куыстуат йæхиуыл фæхæцыд. Уый нæ фæлæ ма дзы æххæст кæнын райдыдтой УФ-йы хъахъхъæнынады министрады паддзахадон заказ. Ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц танктæн æмæ артиллерийæн нырыккон хуызы снарядтæн ног згъæрты æмтад уадзынмæ. Ныр сармадзанты нæмгуытæ фидар згъæрты хиздзысты, ныры онг сæ бон цас уыд, уымæй 6 см арфдæр.

Заводы разамынд куыд æмбарын кæны, афтæмæй ныртæккæ завод кусы,йæ бон цас у, уымæн йе 3-аг хай. Фæлæ азæй-азмæ сæ куыст кæны уæрæхдæр. 2012 азы продукци рауагътой 860 милуан сомы бæрц, фарон æй фæфылдæр кодтой миллиард сомы. Ацы аз та нысан кæнынц продукци рауадзын 2 миллиард 500 милуан сомы. Уый та æнæфæзынгæ нæ фæуыдзæн кусджыты мыздыл дæр. Алы аз дæр ыл æфтдзæн 15-16%. Æхсызгон ма у уый дæр, æмæ бирæ азты фæстæ фыццаг хатт кусджытæ райсдзысты 13-æм мызд.

Завод «Победит»-ы авналæнтæ зынгæ фæхуыздæр сты. Слæууыд рæзты къахыл, рæзынц йе фтиæгтæ. Куыстуаты сæ зæрдæ дарынц ног заказтыл. Æнæзæрдæхудтæй æмæ йæ æнæ аиппытæй кæй æххæст кæндзысты, уымæй фидар зæрдæ æвæрынц. Уæвгæ, алчидæр зоны – ацы заводы кусджытæ сты хорз æмæ æнæзивæг специалисттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania