филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:51 вторник, 16 декабря 2025
28 января 2013, 11:43
69 азы размæ ист æрцыд Ленинграды блокадæ

69 азы размæ ист æрцыд Ленинграды блокадæ. 9 сæдæ боны адæм цардысты сæрибармæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Советон æфсæдтæн бантыст немыцаг фашистты басæттын æрмæстдæр 27 январы 44-æм азы. Бирæтæ уыцы бонмæ нал фæцардысты.

69 азы размæ ист æрцыд Ленинграды блокадæ. 9 сæдæ боны адæм цардысты сæрибармæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Советон æфсæдтæн бантыст немыцаг фашистты басæттын æрмæстдæр 27 январы 44-æм азы. Бирæтæ уыцы бонмæ нал фæцардысты. Фæлæ сæ рухс нæмттæ абон дæр рох не сты. Ленинграды блокадæ йæхи цæстæй чи федта, уыдонимæ уыдысты цæгатирыстойнæгтæ дæр.

Ацы документтæн мæ царды хицæн бынат ис, зæгъы Галинæ Семенюк. 1941-æм азæй нырмæ сты йæ хæдзары. 900 уæззау боны йæ мад æмæ йæ хистæр хоимæ Галинæ арвыста Ленинграды, блокадæйы рæстæг. Йæ фыд, тæхæг Ульян Семенюк дæр тох кодта фашистты ныхмæ æмæ 42-æм азы фæмард. Уыцы хъуыдытæ æппынæдзух сты мæ зæрдæйы, зæгъы сылгоймаг. Æмæ сын, уæвгæ, ферох кæнæн нæй, уымæн æмæ тынг стыр аргъ бафыстам сабырдзинадæн.

«Уыцы рæстæг горæтæй рацæуын зын уыдис. Фæлæ мæ фыды разамынды руаджы махæн бар радтой, æрбарвыстой нæм машинæ. Фыццаг сфæнд кодтам Цæгат Ирыстонмæ ссæуын. Фæлæ мæ мады мадæн бар куы нæ радтой, уæд баззадыстæм Ленинграды. Æмæ кæд æз хæрз чысыл сывæллон уыдтæн, уæддæр абон дæр мæ бон нæу иу цау дæр ферох кæнын».

Николай Ковалы хæрзиуджыты *хсæн ис майдан, Ленинград бахъахъхъæныны тохы кæй архайдта, уый тыххæй дæр. Знаджы басæттын тынг зын уыдис, зæгъы ветеран. Горæты цæрджытæ дæр тынг æххуыс кодтой Советон æфсæдтæн. Немыцаг фашистты ныхмæ арæзтой баррикадæтæ, цæмæй сын горæтмæ бабырсын ма рауайа. Сæдæгай адæмты хъысмæт ис Ленинграды блокадæйы историйы. Горæты цæрджытæй бирæтæ нал федтой, тынг кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Уæлахиз. Мингай салдæттæ радтой сæ цард, сабырдзинады сæраппонд. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Хуадонты Ехья дæр йæхи цæстæй федта блокадæйы фæстиуджытæ.

Хуадонты Ехья, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Не фсæдтæ немыцаг блакадæ куы батыдтой, уæд æмæ размæ цæуын куы райдыдтой, уæд мах част дæр уырдæм æрвыст æрцыд. Не фсæдтæй размæ чи цыд, уыдонæн бастдзинад æххæст кодтам. Арæх бомбæтæ калдтой, æмæ бирæ хæдзæрттæ сыгъдысты, адæм тынг зын уавæрты уыдысты, стонгæй мардысты, чи цæфтæй. Горæт мардис. Фæлæ уæддæр фæуæлахиз ис».

900 боны адæм æнхъæлмæ кастысты Уæлахизмæ. Бирæтæн та Ленинграды блокадæйы истори у, сæ зæрдæйы арф бынат чи бацахста, сæ царды ахæм хай.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania