Иу минутмæ йын бантыст иу къахыл 31 хатты æрбадын æмæ сыстын
Æвзонг рекордсмен. 7 аздзыд Джыккайты Давид уæндон къахдзæфтæ кæны спорты бæрзæндтæм. Иу минутмæ йын бантыст иу къахыл 31 хатты æрбадын æмæ сыстын. Афтæмæй сæвæрдта ног рекорд, æмæ хаст æрцыд Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Спортсменимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ.
Уæрæсейы рекордты чиныджы ног ном. 7 аздзыд Джыккайты Давид иу минутмæ 31 хатты æрбадти йæ иу къахыл. Ацы кары ахæм иттæг хорз бæрæггæнæнтæ равдыста йæхиуыл зæрдиагæй æмæ æнæрлæугæйæ кæй кусы, уый фæрцы. Ахæм уæллоз къæпхæнмæ схизынмæ рагæй цæттæ кодта йæхи. Уымæ та йæ разæнгард кодтой, ныридæгæн сæ ном Уæрæсейы рекордты чиныджы фыст кæмæн æрцыди, уыцы хæлæрттæ.
Давидæн йæ бæллиц сæххæст кæнынмæ баххуыс кодта йæ хъомылгæнæг, тхеквондойæ тренер Алик Бучукури. Йæ хъуыдытæ загъта Давиды æнтыстдзинæдты тыххæй, стæй радзырдта сæ размæ цы зындзинæдтæ уыди, уыдоны тыххæй дæр.
Æвзонг тъеквондист йе гыццылæй фæстæмæ йе ргом здахын райдыдта спортмæ. Цыппараздзыдæй фыццаг къахдзæфтæ акодта спортивон гимнастикæйы. Ныртæккæ Давид архайы спорты дыууæ хуызæй. Тхеквондойæ уæлдай ма цæуы хъæбысæй хæцынмæ дæр. Йе рвылбоны фæтк у тынг ахадгæ. Гыццыл спортсмен тренировкæтæм здахы стыр æргом. Йæхиуыл кусы æрмæст залы нæ, фæлæ сыгъдæг уæлдæфмæ дæр. 7 аздзыд спортсмен йæ размæ вæры стыр хæстæ æмæ нысантæ.
Давид бæллы йæ тренеры хуызæн суæвынмæ. Æххуыс ын кæнынц йæ ныййарджытæ дæр. Йæ алы райдианы дæр æнæмæнгæй балæууынц йæ фарсмæ. Уыимæ дзы сæ сæр бæрзæндты хæссынц. Давиды мад Алинæ амондджын у йæ фырты къухы сывæллон уæвгæйæ ахæм æнтыстдзинад кæй бафтыди, уымæй.
Алик Бучукури цы рекордсменты бацæттæ кодта, уыдонæй Давид у 10-æм. Зæгъæн ис Уæрæсейы рекордты чиныг Цæгат Ирыстоны минæвæртты нæмттæй æрттивы. Фæлæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Тырнынц ног уæлахизтæ æмæ рекордтæм.




