филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:57 воскресенье, 01 февраля 2026
08 июля 2022, 11:25
7 милуаны æмæ *рдæгæй фылдæр райсдзæн Рахизфарсы район æнæнхъæлæджы уавæры фæстиуджытæ аиуварс кæнынæн

Ууыл ныхас цыд Хицауады æмбырды

7 милуаны æмæ *рдæгæй фылдæр райсдзæн Рахизфарсы район æнæнхъæлæджы уавæры фæстиуджытæ аиуварс кæнынæн. Ууыл ныхас цыд Хицауады æмбырды. Фæрæзтæ схардз кæндзысты, Беслæны, Ног Бæтæхъойы, Фарныхъæуы æмæ Хуымæллæджы æрдзон фыдбылыз цы объекттæн зиан æрхаста, уыдонмæ базилыныл. Уæрæсейы Хицауады  резервон фондæй фæндаггон инфраструктурæйы райрæзтæн радих кодтой уæлæмхасæн 2 миллиард сомы бæрц. Уый тыххæй фехъусын кодта профилон комитетыт сæрдар Солиты Тариэль. Фæрæзтæ радих кодтой национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæстгæнгæйæ. Æмбырды ма дзырдтой, ахуырадон-методикон центр «Авангард» арæзт кæй æрцæудзæн, уый тыххæй. Йæ сæйраг нысан у – фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылад, æфсæддон æмæ æндæр паддзахадон службæйы популяризаци. Центр байгом уыдзæн рсепубликæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй республикæйы ахæм объект кæй фæзындзæн, уымæн ис стыр нысаниуæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania