филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:16 воскресенье, 29 сентября 2024
26 июня 2024, 11:45
70 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Токаты Людмилæ

Уыд Цæгат Ирыстоны Парламенты цыппар æмбырды депутат. Токаты Харитоны чызг Людмилæйы схонæн ис, баивæн кæмæн нæй, ахæм специалистæй. Йæ ном Цæгат Ирыстоны историйы фыст æрцыд стыр дамгъæтæй. Уыд ныфсхаст æмæ фæлтæрдджын разамонæг. Йæ царды æмæ профессионалон фæндаг хъæздыг уыд ахадгæ æмæ æнæзæрдæхудт фæллойæ. Кæддæриддæр бæллыд йæ райгуырæн республикæйæн æмæ бæстæйæн лæггад кæнынмæ. Токаты Людмилæ уыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Уæрæсейы æмæ Ирыстоны журналистты цæдисы уæнг. 1996-æмæй – 2007-æм азты онг куыста газет «Слово»-йы сæйраг редакторæй. Йе нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй хорæзхджынгонд æрцыд бирæ кадджын хæрзиуджытæй. Се хсæн «Фæскомцæдисон ахадгæ куысты» тыххæй, «Фæллойы æнтыстдзинæдты» тыххæй. Уымæй дарддæр ын лæвæрд æрцыд Ирыстоны Намысы майдан. Токаты Людмилæ ма райста Уæрæсейы Президенты Арфæйы фыстæг дæр. Стæй йын радтой кады гæххæттытæ Федерацийы Советæй, Паддзахадон Думæйæ æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania