филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:23 понедельник, 22 июня 2026
16 февраля 2016, 12:00
700 килограммы кальяны дымæн тамако таможняйы кусджытæ баурæдтой Уæллаг Ларсы контролон-уадзæн пункты

Уæрæсемæ товар ластой Гуырдзыстонæй цæуæг автобусы. Оперативон мадзæлтты фæрцы сбæрæг кодтой 69 ведрайы æнæзакъон тамакоимæ.

79496
700 килограммы кальяны дымæн тамако таможняйы кусджытæ баурæдтой Уæллаг Ларсы контролон-уадзæн пункты. Уæрæсемæ товар ластой Гуырдзыстонæй цæуæг автобусы. Оперативон мадзæлтты фæрцы сбæрæг кодтой 69 ведрайы æнæзакъон тамакоимæ. Ныртæккæ арæзт цæуы уæлæмхасæн бæрæггæнæн куыст.
Дзæуджыхъæуы бырондонмæ та баластой, санкцитæм чи бахаудта, ахæм мандаринты 20 тоннæйы. Ацы товар дæр баурæдтой цæгатирыстойнаг таможняйы кусджытæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй экспертизæйы фæстæ бæрæггонд æрцыд, продукцийы тыххæй документты фыст кæй нæ уыди, уый. Ома мандаринтæ Уæрæсемæ ластой Хуссар Европæйы æмæ Зæххастæу денджызы бæстæтæй.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania