филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:26 воскресенье, 29 сентября 2024
03 февраля 2020, 17:57
77 азы размæ æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тугкалæн цаутæй иу – Сталинграды тох

Дзæуджыхъæуы 19-æм мысанæхсæн бригады та расидтысты æфсæддон-спортивон ерыстæ, æмæ дзы архайдтой нæ республикæйы районты скъоладзаутæ

77 азы размæ æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тугкалæн цаутæй иу – Сталинграды тох. Уый фæдыл мадзæлттæ арæзт æрцыдысты нæ бæстæйы алы рæтты. Дзæуджыхъæуы 19-æм мысанæхсæн бригады та расидтысты æфсæддон-спортивон ерыстæ, æмæ дзы архайдтой нæ республикæйы районты скъоладзаутæ. Куыд сæм бацæттæ кодтой сæхи рæзгæ фæлтæр, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Уды фидардзинад бафæлварын, æмбалы æххуыс банкъарын, æмæ иумæ уæлахизмæ тырнын. Æфсæддон хайы территорийы арæзт æрцыдысты скъоладзауты хсæн ерыстæ «Сталинград – Хæбатыр горæт». 77 азы размæ Сырх æфсады радон уæлахиз фадат радта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рамбулынæн. Ахæм бонтæ æмæ цаутæ хъæуы хъуыды кæнын æмæ æппынæдзухдæр зæрдыл дарын.

Республикæйы алы районтæй лæппутæ æмæ чызджытæ адих сты 7 командæйыл. Цы цæлхдурты сæрты сæ ахизын хъуыди, уыдонмæ рагацау цæттæ кодтой сæхи. Димæ æмæ Максим хæцæнгарз сæмбырд кæнын æмæ райхалын сахуыр сты ацы æфсæддон хайы, афæдзы размæ. Уæд базонгæ сты службæгæнджыты цардимæ. Уæдæй фæстæмæ лæппутæ кодтой тренировкæтæ, æмæ ныр се ппæтæн дæр зæрдиагæй æвдисынц сæ зонындзинæдтæ.

Татьяна Днепровская йæ не мбæхсы, Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы æртыккæгæмкъласонты фарс кæй хæцы, уый. Сты конкурсы æппæтæй кæстæр архайджытæ. Йæ зæрдæмæ та хæстæгдæр сты уымæн, æмæ ацы кълас хæсдзæн йæ фырты – Уæрæсейы хъæбатыр Андрей Днепровскийы ном. Татьянæ йæ хорз зоны – Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты куыд хъомыл кæнын хъæуы, уый.

Сталинграды тохы уæлахиз хъысмæтхæссæг рауад Фыдыбæстæйы хæсты историйы. Ахаста милуан адæймаджы цардæй фылдæр. Сæ рухс нæмттæ сын æрымысыдысты, минут æдзæмæй алæугæйæ. Уæлахизы хъæбатырты цыртдзæвæнтыл сæвæрдтой дидинджытæ. Мадзал саразджытæ сæ зæрдæ дарынц, афтæмæй рæзгæ фæлтæр нæ бæстæйы истори хуыздæр кæй зондзысты, æмæ йæ чъизи кæнын кæй нæ бауадздзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania