Уымæ цæттæ кæныныл æрдзырдтой организацион комитеты æмбырды
8-æм æмæ 9-æм сентябры республикæйы уыдзæн, велосипедтыл æппæтуæрæсеон дугъ нæлгоймæгты хсæн «Цæгат Кавказы адæмты хæлардзинады» къæпхæнтæй иу. Уымæ цæттæ кæныныл æрдзырдтой организацион комитеты æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ. Ерыстæ арæзт вæййынц æрвылаз, 1993-æм азæй фæстæмæ. Мадзалы аразджытæ сты Уæрæсейы Федерацийы спорты министрад æмæ бæстæйы велосипедон спорты федераци. 31-æм велосипедтыл дугъ уыдзæн Цæгат Кавказы федералон зылды 4 республикæйы, стæй Адыгейы. Райдайдзæн Цæцæны республикæйы 6-æм сентябры, æмæ фæуыдзæн 16-æм сентябры Адыгейы. Этапты иумæйаг дæргъ уыдзæн 1127 километры. Ерысты архайдзысты 200 тыхджындæр велогонщикы онг Уæрæсейæ, стæй Белоруссийæ. Тугъанаты Ларисæ куыд загъта, афтæмæй ацы спортивон цауæн ис стыр нысаниуæг æмæ гæнæн ис, æмæ ахадгæ æвæрæн бахæсса республикæйы велосипедон спорты райрæзтмæ. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у, ерыстæ бæрзонд æмвæзадыл арвитын. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ, профилон министрадтæн æмæ ведомствæтæн лæвæрд æрцыд бæрнон хæслæвæрдтæ.




