филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:41 воскресенье, 19 мая 2024
06 сентября 2019, 13:12
8-æм сентябры Уæрæсейы уыдзæн хъæлæс кæныны иумæйаг бон

Цæгат Ирыстоны та уыцы-иу рæстæг æвзæрстытæ цæудзысты æртæ районы æмæ Дзæуджыхъæуы

8-æм сентябры Уæрæсейы уыдзæн хъæлæс кæныны иумæйаг бон. Цæгат Ирыстоны та уыцы-иу рæстæг æвзæрстытæ цæудзысты æртæ районы æмæ Дзæуджыхъæуы. Дыгуры, Æрæфы æмæ Мæздæджы районты æвзардзысты хъуты сæргълæуджыты, Дзæуджыхъæуы та сбæрæг уыдзæн горæты думæйы ног хыгъд. Ныридæгæн уал цалдæр участочы ацыдысты рагагъоммæ æвзæрстытæ. Ахæм фадат уыд, 8-æм сентябры йæ бон бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ æвзарæн участоктæм æрбацæуын кæмæн нæ уа, уыдонæн. Центрон æвзарæн къамисы та арæзт æрцыд территориалон къамисты иумæйаг æмбырд. Цæуыл цыди ныхас, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Ацы æвзарæн участочы æвзарæн бюллетеньты куыстгæнæн комплекстæй пайда кæндзысты фыццаг хатт. Электрон урнæтæн тестытæ скодтой цалдæр хатты. Æмæ алцыдæр ацыд æнæ къуылымпытæй. Компьютерты механизм канд информаци не сбæрæг кæны, фæлæ ма бацамоны, бюллетень хæлд у, æви нæ, стæй ма бæрæггонд цæуы, цал бюллетены рацыд, уый дæр. Уый та зынгæ фæтагъддæр кæндзæн хъæлæстæ нымайыны процедурæ, зæгъынц специалисттæ.

Дыууæ боны размæ райдыдта рагагъоммæ хъæлæс кæныны процедурæ. Ахæм фадат паддзахад дæтты, 8-æм сентябры йæ бон бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ æвзарæн участоктæм æрбацæуын кæмæн нæ уа, уыдонæн. Ахæм барæй спайда кодтой 20 адæймагæй фылдæр. Хъæлæс кæныны иумæйаг бон та ам æнхъæлмæ кæсынц 2000 адæймагæй фылдæрмæ.

280-йæм æвзарæн участочы та рагагъоммæ схъæлæс кодтой æрмæстдæр 3 адæймаджы. Ам дæр 8-æм сентябрьмæ алцыдæр у цæттæ. Къуырийы бæрц кусынц видеоцæстдарды камерæтæ. Сбæрæг кодтой сæрмагонд бынæттæ цæстдарджытæн дæр.

Ацы территориалон æвзарæн участочы та бакуыстой, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн æппæт уавæртæ саразыныл. Сæвæрдтой дзы пандустæ стæй хъæлæс кæнынæн сæрмагонд кабинæтæ.

Хъæлæс кæныны иумæйаг бон æвзæрстытæ ацæудзысты республикæйы 3 районы дæр: Дыгуры, Æрæфы æмæ Мæздæджы. Дзæуджыхъæуы та æвзардзысты горæты думæйы ног уæнгты. Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд радзырдта, афтæмæйреспубликæ цæттæ у, цы снысан кодтой, уыцы æвзарæн кампанитæм.

Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы арæзт æрцыд территориалон къамисты иумæйаг æмбырд. Сæ разамонджытæ радзырдтой, хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ сæхи куыд бацæттæ кодтой, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania