филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 28 сентября 2024
08 сентября 2020, 11:50
8-аздзыд Амин Аджиевы цард аразгæ у зæрдæхæлар адæмæй

Фарон, лæппуйы ныццавта, ток сывæллæтты хъазæн фæзы уæвгæйæ

8-аздзыд Амин Аджиевы цард аразгæ у зæрдæхæлар адæмæй. Фарон, лæппуйы ныццавта, ток сывæллæтты хъазæн фæзы уæвгæйæ. Лæппу рæстæгмæ нал улæфыди, фæлæ цыдæр амалæй йæхимæ æрцыди. Уæрæсейаг дохтыртæ йын зæрдæ ницæмæй æвæрдтой. Баххуыс кæнынмæ йын разыйы дзуапп радтой испайнаг дохтыртæ. Къæпхæнгай йæ здахынц йæ раздæры царды хуызмæ. Фæлæ йын цæмæй йæ реабилитаци кæронмæ скæной, уымæн хъæуы æхца.

Сæ лæппуйы цард бахъахъхъæныны тыххæй Аджиевты бинонтæ бацыдысты зæгъæн ис æмæ æцæг тохы. Ивгъуыд азы 2-æм августы 8 аздзыд Амин сывæллæтты хъазæн фæзы схызти арæзтады сæрмæ, æмæ йæ ныццавты ток. Йæ аххосаг уыди, арæзтады хицау ток æнæзакъонæй кæй бауагъта, уый. Системæ раст арæзт нæ уыди, æмæ дзы сывæллон баййæфта хъыгдард. Цæмæй хæтæлтæ алыг кæной, уый тыххæй специалистты бахъуыди афæдзæй фылдæр. Ацы бонты сæ ахуыссын кодтой бынтондæр. Ацы цауы фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Арæзтады хицау йæ цардæй ахицæн дыууæ азы размæ, уымæ гæсгæ, хъуыддаг ивд æрцæудзæн, æмæ дзуапп дæтдзысты «Россети». Туккаты Ольгæ уыцы сæрдыгон изæр хорз хъуыды кæны. 

Бинонты амондæн сæ цурты фæцæйцыди сæ сыхаг, уый бацархайдта, цæмæй лæппуйы æвæстиатæй рынчындонмæ аласой, ууыл.

Зæрдæ æрлæууыд, лæппу нал улæфыд. Республикæйы сывæллæтты клиникон рынчындоны реанимацион дохтырты фæрцы Амины зæрдæ ногæй скуыста. Лæппуйы ныййарджытæ уыцы рæстæг уыдысты Мæскуый, фæлæ иннæ бон, райсомæй стахтысты, æмæ лæууыдысты реанимацийы дуары цур. Æртыккаг суткæйы фæстæ Аминæн рæсыйын райдыдта йæ сæры магъз. 15 боны фæцис йæ рæуджытæ йын чи кусын кодта, ахæм аппараты бын. Цасдæры фæстæ йæ уавæр гыццыл фæхуыздæр.

13 мæйы фæстæ йын, ацы бонты систой цæй фæрцы улæфыди, уыцы медицинон фæрæз, æмæ ныр улæфы æнæ æххуысæй. Фæлæ уæддæр йæ уавæр нырма у уæззау.

Амины ныййарджытæ баххуыс кæныны тыххæй  курдиат арвыстой Гуттманы номыл испайнаг институтмæ. Фæстæмæ сæм сæрвыстой дзуапп, æнхъæлмæ сæм кæсынц реабилитацимæ. Пандемийæйы аххосæй испайнаг дохтыртæм ацæуын къухы нæма бафтыдис.

«Мир Амина» – Ацы дыууæ дзырды ис арф хъуыды. Бирæтæ баххуыс кодтой фæкæсынхъуаг бинонтæн. Амин йæ алывас æрбамбырд кодта хæларзæрдæ адæмы. Йæ хиуæттæ сæ бузныг сты. Сæ бæллиц у, цæмæй лæппу тагъ дæстæджы слæууа йæ къахыл.

Испанийы реабилитаци скæнынæн лæппуйæн хъæуы 850 мин сомы. Аминæн баххуыс кæнын йæ бон у алкæмæндæр. Уæ экрантыл цы хыгъд уынут, уырдæм ис фæрæзтæ арвитын. Кæмæн йæ бон цас у, уый бæрц. Иумæйаг æххуысæй  та Амин Аджиевы цæсгомыл фендзыстæм раздæры хъæлдзæг цæстæнгас.

РЕКВИЗИТЫ:

Сбербанк 4276 4000 2899 8194 (для переводов в ₽, получатель мама Туккаева Юлия Олеговна) или по номеру телефона +7(916)2474849

 Сбербанк 5469 4000 2701 5341 (для переводов в €, получатель мама Туккаева Юлия Олеговна)

PayPal.me/amin06032012 (tukkaeva-julija@rambler.ru)

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania