филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:14 суббота, 28 сентября 2024
01 сентября 2020, 14:22
8-аздзыд лæппу Кочиты Аланы хъысмæтмæ сæ цæст дардтой, зæгъæн ис, æмæ æнæхъæн республикæйы цæрджытæ

Сæрмагонд терпаийы фæстæ ныр Алан ис сæхимæ, æмæ йæ бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд

8-аздзыд лæппу Кочиты Аланы хъысмæтмæ сæ цæст дардтой, зæгъæн ис, æмæ æнæхъæн республикæйы цæрджытæ. Уый мæйы размæ хъыгдард баййæфта дзæгъæл нæмыгæй. Ныр иумæйаг хъарутæй æмæ иумæйаг æххуысы фæрцы, лæппуйæн йе нæниздзинад фæфидардæр. Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй йын æвæстиатæй операци скодтой сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны. Уый фæстæ йæ аластой Мæскуымæ. Сæрмагонд терпаийы фæстæ ныр Алан ис сæхимæ, æмæ йæ бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Хъайтыхъты Фатимæ радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

Видеохъæзтытæ æфсымæримæ. Спорты тыхджындр чи у, уый рамбулы. Афтæ сахуыр сты æфсымæртæ, кæрæдзийы хъахъхъæнынц алы фыдбылыз æмæ мæстытæй. Фыццаг бакастæй афтæ кæсы, æмæ астаздзыд лæппуйы царды алцы дæр раздæрау у. Æрмæстдæр йæ сæр хуыдтытæ кæй у, уый дзурæг у ууыл, æмæ æрæджы æвирхъау хъуыддаджы кæй бахауд. Июны кæрон уыд уазæгуты йæ нанамæ Елхоты. Уæд кæйдæр дзæгъæл гæрахæй Кочиты бинонтæн сæ цард аивта. Кæй зæгъын æй хъæуы, лæппуйы фыд æрæджиау бамбæрста, йæ фыртыл цы рцыдис, уый.

Лæппуйæн операци скодтой республикæйы сывæллæтты клиникон рынчындоны. Ирыстоны дохтыртæ, цы хъуыдис, уый кодтой, фæлæ уынаффæйы тыххæй дзырдтой се мкусджытимæ Мæскуйы Бурденкойы институты дохтыртимæ. Алан чысыл куы фæхуыздæр ис, уæд дохтыртæ рахастой хатдзæг, кæй хъæуы лæппуйы Мæскумæ фæхæццæ кæнын. Аланы реанимацийæ куы раивтой, уæд Мæскуымæ цæуын бахъуыд.

Мæскуыйы къуыри куы фæцис Алан, уæд дзурын райдыдта. Дыууæ къуырийы фæстæ та йæ рафыстой. Сыздæхтис хæдзармæ. Ныййарджытæ бузныг сты, сæ лæппуйы сын чи фервæзын кодта, уыцы адæмæй. Уæззау рынчын чи у, ахæм чысыл сабиты æрæджы райдыдтой Мæскуымæ рвитын. Ахæм фадат Ирыстоны фæзынд хæрзæрæджы. Сæрмагонд борты руаджы кæй арвитынц, ахæм фæндаг зынаргъ сысты. Фæлæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы руаджы, ацы фадат фæзындис. Фæстаг цалдæр азы ацы фадаты руаджы бирæ сывæллæттæ фервæзтысты уæззау низтæй.

АбонАланйæхи цæттæ кæны скъоламæ, æртыккæгæм къласмæ. Сывæллоны ныхæстæм гæсгæ, мысы скъола дæр, æмæ йе мбæлтты дæр. Раздæр лæппу хъазыд футболæй, æмæ цыд хъæбысхæсты секцимæ. Дохтырты профессионалон æххуысы руаджы йæ бон уыдзæн йæ уарзон спорты хуызтæм цæуын дарддæр дæр.

Хæстæг рæстæджы Алан ногæй цæудзæн Мæскуымæ, реабилитацийы курс скæнынмæ. Æхсæз мæйы фæстæ лæппуйæн скæндзысты операци. Алан нæ хъуыды кæны, цы уæззау фыдбылыз ыл æрцыд, уый. Æмæ, æвæццæгæн, уый хуыздæр у, зæгъынц йæ ныййарджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania