Ам, бинонтæм райсынмæ кæй хъавынц, уыцы сывæллæттимæ кусынц педагогтæ æмæ психологтæ.
УФ-йы, республикæйы æмæ сывæллæтты хæдзары разамынд архайынц, цæмæй æнæ ныййарджытæй чи хъомыл кæны, уыцы сæвæллæттæ сæхи иппæрдæй ма нкъарой æмæ сæхæдæг зонгæ кæной æхсæнадимæ.
Реабилитацион центр «Хæлар зæрдæ»-йы сывæллæттæ вæййынц 3 мæйæ афæдзы онг.
Годжиаты Руслан ам ис ныр мæй æмæ `рдæг. Уымæн æмæ нæ бæстæйы фæцæрынæн æппын къаддæры бæрц у 6 мин сомы. Фæлæ Русланы мад пенси цы 6 мины исы, уый алцæйы фаг нæ кæны. Афтæ рауад æмæ газæн нæ бафыста æмæ сын æй аххуыссын кодтой, лæппуйы та ардæм æрбакодтой.
Ам цы сывæллæттæ ис, уыдонæй алкæй бинонтæн дæр сæвзæрд, ардæм цæй аххосæй бахаудысты, ахæм уавæртæ. Аленæ, Верæ æмæ Сашæ БорисЕнкоты бæргæ фæнды сæхимæ, фæлæ сæ социалон службæтæ рæстæгмæ æрбахуыдтой ардæм. Мад сæ иунæгæй хъомыл кæны, нæ кусы, уымæй уæлдай ма нозтмæ дæр æмхиц у. Ис ма сын æфсымæр дæр. У æппæты хистæр æмæ ахуыр кæны училищæйы. Цæргæ та æмдзæрæны.
Верæ Борисенко, æнахъом сывæллæтты социалон реабилитацийы центр «Хæлар зæрдæ»-йы хъомылгæнинаг: «Цалынмæ ме фсымæр училищæйы ахуыр кæны, уæдмæ сывæллæттæм æз кæсын. Ам та мæ зæрдæмæ цæуы. Дæттынц нын хæринаг, дзаумæттæ, ног къахыдарæс. Ис нæм ахуыргæнæн чингуытæ дæр, боныгтæ. Мæ зæрдæмæ цæуы уроктæ немæ иумæ кæй кæнынц, уый».
Центры спортивон секцитæ, тренажерты зал æмæ сфæлдыстадон къордтæ кæй ис, ууыл сывæллæттæ тынг цин кæнынц. Фæлæ лæппутæм ис иу бæллиц. Фæнды сæ, цæмæй сæм уа, хъæдæрмæгимæ кæм кусдзысты, ахæм æрмадз.
Ныртæккæ центры цы 70 сывæллоны ис, уыдонимæ æрвылбон дæр аразынц реабилитацион мадзæлттæ. Семæ кусынц психологтæ æмæ педагогтæ. Уæвгæ центры ис 2 хайады: боныгон кæм вæййынц, ахæм æмæ стационар.
Таисия Печенкина, æнахъом сывæллæтты социалон реабилитацийы центр «Хæлар зæрдæ»-йы директор: «Сывæллæттæй ам чи цас рæстæг вæййы, уый алкæмæн дæр хицæн у. Цы уавæры сты, уымæ гæсгæ. Ам та сын аразæм æппæт уавæртæ хæринаг дæр, хъазæнтæ дæр, ахуыр æмæ хъомылады фарстатæ дæр æххæст кæнæм. Фæлæ нын хъыг вæййы, сывæллæттæ уæддæр арæх кæй нæ фæхудынц, уый. Сæ зæрдæтæ афтæ рыст сты. Кæд сæ хæдзæртты цыфæнды æвзæр уавæртæ ис, уæддæр тындзынц сæхимæ. Мах та нæ размæ æвæрæм хæс, цæмæй цæстдарæн оргæнтимæ иумæ афоныл рабæрæг кæнæм, зын уавæрты чи цæры, уыцы сывæллæтты, баххуыс сын кæнæм. Афоныл скæнæм профилактикон æмæ реабилитацион мадзæлттæ».
Фæстаг рæстæг центрмæ æрбацæуы фылдæр сывæллæттæ. Психологты ныхæстæм гæсгæ, иуырдыгæй уый хорз у. Уымæн æмæ афтæмæй рабæрæг вæййынц бинонты зындзинæдтæ. 6 азы онг цы сæвæллоныл цæуы, уыдонæн сæ бон фылдæр баххуыс кæнын у.
8 азмæ та реабилитацион центры баххуыс кодтой сæдæгай сывæллæтæн.
Зыхъуаты Жаннæ




