18 июля 2023, 12:03
80 адæймаджы онг архайдтой форум «Чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуыс»-ы
Нæ республикæйы арæзт æрцыд фыццаг хатт
80 адæймаджы онг архайдтой форум «Чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуыс»-ы. Нæ республикæйы арæзт æрцыд фыццаг хатт. Амалхъом адæм, маркетологтæ форумы руаджы базыдтой, бизнесы цы цæлхдуртæ вæййы, уыдон куыд аиуварс кæнын хъæуы, уый. Архайджыты алы фарстайæн дæр иумæ дзуапп лæвæрдтой цы экспертты йæм æрбахуыдтой, уыдон. Иуæй – иутæ дзы уыдысты федералон æмвæзады профессионалтæ. Форумы архайджытæн бацæттæ кодтой хъæздыг ахуырадон программæ.
темæмæ гæсгæ