Немыцаг фашистты æфсæдтæ пырхгонд æрцыдысты
81 азы размæ Дзæуджыхъæуы, уæд нырма Орджоникидзейы, систой хъулаон уавæр. 1942-æм азы 6-æй 11-æм ноябрьмæ 9-æм æфсады хæстонтæ, 4-æм уæлдæфон æфсады авиаци Цæгат Ирыстоны адæмон хæдæфсады бригадимæ æмæ партизанты отрядтимæ рахызтысты контр размæ бырстмæ. Афтæмæй знаджы аппæрстой фæстæмæ. Немыцаг фашистты æфсæдтæ пырхгонд æрцыдысты. Знаджы бырстæн республикæйы сæйраг сахар фидарæй фæлæууыд. Советон Цæдисы хъæбатыры ном райстой 55 хæстоны. 2007-æм азы Дзæуджыхъæуæн лæвæрд æрцыд «Æфсæддон намысы горæт»-ы ном. Уыцы цауты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
1942-æм азы сæрд Гуæцæлты Барис никуы ферох кæндзæн. Уæд нырма сывæллон уыд. Заводы йæ фыдæн æххуыс кодта, æмбырд кодта нартхор æмæ йæ рæстæг йæ хæлæрттимæ æрвыста. Барисæн йæ бон ахъуыды кæнын дæр нæ уыд, Æрæфы районы, йæ райгуырæн хъæу Советскæ фашистты оккупацийы кæй уыдзæн, сыхаг хæдзæрттæ та хæлд кæй æрцæудзысты, уый.
Фашистты рæнхъыты Кавказмæ æрбацыдысты немыцæгтæ, румынтæ, словактæ. Уыцы тох цыд афæдзæй фылдæр. Уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты стырдæр æмæ карздæр ныхмæлæудтæй иу. Кавказ суæгъд кæныны тохты фæмард 500 мин советон салдатæй фылдæр.
Кавказ суæгъд кæныны тохы фыццаг къæпхæны рæстæг фашисттæ истой фылдæрæй-фылдæр территоритæ æмæ ахадгæйæ бырстой нефты гуырæнтæм. Ам Дзæуджыхъæуы гом кодта комкоммæ фæндаг Хъаспимæ, Грознамæ æмæ Бакумæ.
Операци «Эдельвейс» сæххæст кæнын гитлеронты къухы нæ бафтыд. Немыцæгтæн нæ бантыст Кавказы бæрзæндтæ басæттын. Знаджы фæстæмæ аппæрстой. Сырх Æфсады уæлахиз Кавказ суæгъд кæныны тохы нымайынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ахсджиагдæр къæпхæнтæй иуыл. Сæйраг хатдзæг сси, не *фсад йæ тыхтæ кæй фæфылдæр кодта, æмæ территоритæ уæгъд кæнын кæй райдыдта, уый.
Уыцы цауты тыххæй историон намыс бахъахъхъæнын абон у уæлдай ахсджиаг. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заманы экспонаттæ. Сæ фæрцы студенттæ бандзæвынц историмæ, ахадгæйæ архайынц агурæн мадзæлтты. Сæрмагондæй, проект «Без срока давности» æххæстгæнгæйæ.
Дзæуджыхъæу у æфсæддон намысы горæт. Ардæм знаг афтæ дæр не рбахæццæ. Салдæттæ, афицертæ, бынæттон цæрджытæ хъæбатырæй тох кодтой, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ фæллой кодтой, цæмæй фашистты ныппырх кæной. Сырх Æфсады размæ бырсты рæстæг пырхгонд æрцыд 275 мин фашисты. Уыцы æнтыстдзинад ахъаз фæцис Сæрх Æфсадæн Сталинграды бын тохы фæуæлахиз уæвынæн. Уыцы тохы хатдзæг та аивта æппæт хæсты цыд.




