филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:37 вторник, 16 декабря 2025
21 марта 2025, 11:12
83 афтечы байгом кодтой республикæйы районты

Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан

83 афтечы байгом кодтой республикæйы районты, Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан. Иу ахæм объект кусы Бæтæхъойы фельдшерон-акушерон пункты. Æнæмæнг хъæугæ хостæй дарддæр ма дзы ис вирусы ныхмæ, рыст къаддæргæнæн препараттæ æмæ витаминтæ. Уыимæ хосты хыгъд кæны парахатдæр. Уый аразгæ у бынæттон цæрджыты домæнтæй. Сæйрагдæр у, горæттæй дард чи цæры, уыцы адæмыл хъуыды кæнын, – загъта Тебиаты Сослан. Кæд сæм исты хос нæй, уæд сын хъуамæ фадат уа хъæугæ препарат рафыссынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania