филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:40 воскресенье, 11 октября 2026
09 октября 2026, 10:41
85 азы фæстæ сбæрæг сты, Бресты фидар хъахъхъæнæг, Алагиры районæй рацæуæг Челдыты Илья хъæбатырæй куыд фæмард, уый бæлвырддзинæдтæ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ бирæ рæстæг нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл

85 азы фæстæ сбæрæг сты, Бресты фидар хъахъхъæнæг, Алагиры районæй рацæуæг Челдыты Илья хъæбатырæй куыд фæмард, уый бæлвырддзинæдтæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ бирæ рæстæг нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл. Йæ царды хабæрттæ базонын бантыст архивон æрмæджыты æмæ уыцы цауты æвдисæнты фæрцы. Ныр йæ хæстæджытæ зонынц, цы уавæрты фæмард, уый. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

80 азы дæргъы архивон номхыгъды йæ мыггаджы фарсмæ уыдис цыбыр фыст – «Æбæрæгæй фесæфт», зæгъгæ, фæлæ иу хуызисты руаджы байгом сты ныры онг æнæзонгæ хабæрттæ. Бресты фидар хъахъхъæнæг Челдыты Илья райгуырд 1918-æм азы хохаг хъæу Зджыды. Цæгат Ирыстоны педагогон институт каст куы фæци, уæд сси Алагиры 1-æм скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæг. Дзахотты фырт Илья уыдис хъæлдзæгзæрдæ, фæлæ уæззау зондыл хæст æрыгон адæймаг. 22 аздзыдæй йæ бахъуыдис зондамонæджы куыст ныууадзын æмæ йæ къухтæм хæцæнгарз райсын. Бахауд Бресты мысанæхсæн 125-æм полкмæ. Уым йемæ æрцыдис æхсызгон цау  – фембæлд йæ хæстæг Кучиты Алыксандрыл.

Кучиты Алыксандр хæцыд хæсты кæронмæ. Фæцис уæззау цæф, фæлæ аирвæзт. Челдыты Ильяйæн та йæ хæстон фæндаг райдыдта Бресты фидарæй. Советон салдæттæ, хæринагхъуагæй, æнæ донæй, æнæ хостæ æмæ æнæ хæцæнгæрзтæй, æнæ бастдзинадæй. Цæугæдонмæ рацæуын фæлваргæйæ, фæмардысты бирæ хъæбатыртæ. Гарнизон бахауд знаджы æрхъулайы, фæлæ уæддæр ныкъуылымпы кодта немыцæгты фæндтæ. Фæмард дзы 2 мин салдаты, 7 мины бахаудысты уацары. Дæсгай азты Челдыты Ильяйы хиуæттæ агуырдтой сæ хистæр хъæбатыры тыххæй æвдисæнтæ æмæ æрмæджытæ.

Афтæ уыдаид дарддæр дæр, Лаурæ Касимовамæ Челдыты Ильяйы хуызист куы нæ бахаудаид, уæд. Алагиры 1-æм чиныгдоны историон клуб «Истоки»-йы разамонæг уæвгæйæ райста дзуæппытæ сæйраг фæрстытæн. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдианыл 85 азы куы сæххæст, уæд йæхицæн снысан кодта Алагиры районæй рацæуæг 2 адæймагæн – Дудиаты Хъантемырæн æмæ Челдыты Ильяйæн базонын сæ хæстон фæндаджы тыххæй. Уый тыххæй курдиат балæвæрдта Белоруссийы Мемориалон комплекс «Бресткая крепость – герой»-мæ.

Челдыты Ильяйы хиуæттæ базыдтой се *хсарджын хистæры тыххæй æцæгдзинад. Ныры онг ын хъахъхъæнынц йæ хæстон фыстæджытæ æмæ хуызистытæ.

Челдыты Ильяйы историйы тыххæй Алагиры фыццæгæм скъолайы ахуырдзаутæ базыдтой хъайтары кадæн арæзт изæры. Мадзалы архайдтой районы ветеранты Советы сæрдар Икъоты Рсулан æмæ Советы уæнг Годжиаты Хъазыбег. Кæддæр Илья йæхæдæг зæрдиагæй лæвар кодта йæ зонындзинæдтæ, ныр та йын сывæллæттæ базыдтой йæхи царды хабæрттæ.

Сгарджыты лæмбынæг ахасты руаджы Райгуырæн зæхх хъæхъхъæнджытæй ма ноджыдæр иуы ном сæнусон. Хæсты йæ архайд ууыл фæцис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania