Цы литературон бынтæ ныууагъта, уыдонæн стыр аргъ кæнынц
Абон 85 азы сæххæст уыдаид ирон ахуыргонд-филолог, поэт, æхсæнадон архайæг Джыккайты Шамилыл. Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, профессор, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат. Цы литературон бынтæ ныууагъта, уыдонæн стыр аргъ кæнынц. Поэтикон æмбырдгондты, пьесæты, монографиты æмæ наукон уацты автор. Йе сфæлдыстад хицæн кодта арф философон хъуыдыйæ. Уыдис сæрибарыл тохгæнæг, кæддæриддæр дзырдта адæмы барты сæрыл. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Йæ цыргъ зонд æмæ дзырд уыдысты йæ сæйраг фæрæз сæрибарыл тохы, йæ уарзон адæмы хъысмæт та йæ сæйраг мæт. Мадæлон æвзаг æмæ ирон æгъдау бахъахъхъæнынæн снывод кодта йæ цард. Джыккайты Шамилы алы куыст дæр хицæн кæны арф философон хъуыдыйæ.
Ахуыргонд-филолог, поэт, æхсæнадон архайæг. Джыккайты Шамилы курдиат уыд алывæрсыг. Цы литературон бынтæ ныууагъта, уыдон сты, аргъ скæнæн кæмæн нæй, ахæм ахуырадон æрмæг йæ фæдонтæн. Шамиль уыд поэтикон æмбырдгондты, пьесæты, монографиты æмæ наукон уацты автор. Цы темæтыл фыста, уыдон рæстæгимæ сæ ахадындзинад нæ сафынц. Йе сфæлдыстад ис скъолайы программæйы. Йæ пьесæтæм гæсгæ театрты æвæрд цыдысты спектакльтæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты Джыккайты Шамиль куыста 1970-æм азæй. 2001-æм азы æрлæууыд ирон филологийы æмæ журналистикæйы факультеты сæргъы, 2002-æм азы йæ куы адих кодтой, уæд та сси ирон филологийы факультеты декан. Йæ рауагъдонтæй бирæтæ ацыдысты сæ куырыхон ахуыргæнæджы фæндагыл. Чидæр сси фыссæг, чидæр та равзæрста ахуыргæнæджы дæсныйад. Æмæ, æнæмæнг, цы зонындзинæдтæ сын радта, уыдон систы дæнцæг æрмæст профессионалон архайды нæ, фæлæ царды дæр.
Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, профессор, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат. 71 азмæ Джыккайты Шамилæн чысыл нæ бантыст, æмæ ма йын цас бантыстаид. Йæ ном æнустæм цæрдзæнис йе сфæлдыстады æмæ йын аргъ чи кæны, уыдоны зæрдæты.
