филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:50 вторник, 16 декабря 2025
08 мая 2014, 11:19
9-æм май Керчелаты бинонтæн у æппæтæй сæйрагдæр бæрæгбон

Сæ кадджын хистæр Батырбег у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран. Йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæдта хæстæн йæ райдианæй йæ кæронмæ. Æвдай азы рацыдис,

9-æм май Керчелаты бинонтæн у æппæтæй сæйрагдæр бæрæгбон
Сæ кадджын хистæр Батырбег у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран. Йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæдта хæстæн йæ райдианæй йæ кæронмæ. Æвдай азы рацыдис, фæлæ Керчелаты Батырбег хъуыды кæны йæ алы хæстон æмбалы ном дæр. 19-аздзыд лæппуйы æфсæддон фæндаг райдыдта 1941-æм азы августы. Æрвыст æрцыдис Буйнакскмæ артиллеристон дивизимæ. Тох кодта Хъырымы, Новороссийскы, Гуырдзыстоны, Ираны, Цæгат Кавказы, Польшæйы. 42-æм азы немыцаг фашисттæй хъахъхъæдта йæ Райгуырæн зæхх дæр.

Керчелаты Батырбег, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Ноябрь Беслæнмæ нæ æрбаластой. Иу къуырийы бæрц атакæтæ цыдысты Кировы хъæуы æмæ Къостайы рæбынты. Уырдыгæй нæ æхсæвы сыстын кодтой, æмæ нæ арвыстой Грознамæ. Уым баззадтæн 43-æм азмæ оборонæйы».

Керчелаты Батырбег йæхи кæддæриддæр æвдыста ныфсхастæй. Цалдæр хатты æрыгон танкист фæци уæззау цæфтæ, фæлæ та-иу уайтагъд ацыд хæсты быдырмæ. Уæлахизы сæраппонд йæхиуыл ничи ауæрста, зæгъы ветеран. 9-æм майы 45-æм азы уыд горæт Ростокы. Хæсты цаутæ хъуыды кæнын нæ уарзы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æгæр стыр аргъ бафыста Советон Цæдис уæлахизæн.

Керчелаты Батырбег: «Фæсивæдæн мæ зæрдæ зæгъы, хæст куыд никуы уал уа. Кæрæдзийы бирæ куыд уарзой. Мæныл 92 азы цæуы. Фæлæ уарзон цардæй хуыздæр ницы ис».

Хæсты фæстæ ма Керчелаты Батырбег 5 азы службæ кодта танкты æфсады. Йæ райгуырæн зæхмæ куы сыздæхт, уæд райдыдта кусын Æрæфы хъæды хæдзарады. Уым фæллой кодта 2001-æм азы онг. Уæлахизы бон ветеран фæбæрæг кæны йæ бинонтимæ. Схъомыл кодта 4 сывæллоны. Йæ цоты цот дæр абон рæзынц йæ хæстон цауты историтыл.

Керчелаты Зелим: «Алкæддæр нын фæдзуры уыцы зын бонты тыххæй. Фæзæгъы, цæмæй фæсивæд кæрæдзийы уарзой, нымайой. Ацы бон мæ зæрдæ ветерантæн зæгъы, цæмæй уой æнæниз, сæ кæстæрты хуртæй æфсæст куыд уой, Хуыцау сын ахæм амонд радтæд».

Ветераны риуыл сты хæстон æмæ фæллойы хæрзиуджытæ. Се хсæн – Фыдыбæстæйы хæсты 1-аг æмæ 2-аг къæпхæны ордентæ, майдан «За отвагу», Фæллойы Сырх тырысайы орден. Алкæмæндæр дзы ис йæхи истори.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania