12 мая 2014, 17:40
9-æм майы райсомæй æрæмбырд сты Дзæуджыхъæуы – æфсæддон намысы горæты стелæйы цур. Æмæ дзы сарæзтой машинæтыл дугъ
Уæлахизы 69-æм азы бон рæсугъдæй æмæ зæрдыл даргæйæ сбæрæг кæныныл бацархайдтой Цæгат Ирыстоны фæсивæдон парламенты уæнгтæ дæр. 9-æм майы райсомæй æрæмбырд сты

Уæлахизы 69-æм азы бон рæсугъдæй æмæ зæрдыл даргæйæ сбæрæг кæныныл бацархайдтой Цæгат Ирыстоны фæсивæдон парламенты уæнгтæ дæр. 9-æм майы райсомæй æрæмбырд сты Дзæуджыхъæуы – æфсæддон намысы горæты стелæйы цур. Æмæ дзы сарæзтой машинæтыл дугъ. Уырдыгæй абалц кодтой Алагиры рдæм. Сæ фæндаг акодтой хъæбатыр хæстонты номыл æппæт цыртдзæвæнты уылты. Алкæцыйы раз дæр сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Æрымысыдысты Ирыстоны æдзард хæстонты нæмттæ. Фæсивæдон парламенты номарæн акцийы æдæппæтæй архайдтой 20 машинæйы онг. Ахæм мадзæлттæ аразыны фæнд кæнынц алы аз дæр.
Гокъойты Дзансир: «Фæсивæдон парламент кад æмæ хъуыды кæны нæ хæстонты сгъуыхтдзинæдтæ. Сæ номыл сарæзтам машинæтыл дугъ. Бабæрæг кодтам Ирыстоны кæм хæцыдысты, уыцы бынæттæ. Æмæ мæ зæгъын фæнды сæ ном рох кæй нæ уыдзæн. Сæ хъæбатырдзинад рох никуы уыдзæн æмæ сын нæ сæртæй ныллæг кувæм».

темæмæ гæсгæ