филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:07 понедельник, 15 декабря 2025
12 мая 2014, 11:05
9-æм майы Уæлахизы парк кадджын уавæры байгом Ирыстоны рагондæр хъæутæй иуы – Ольгинскæйы

Уæвгæ дзы парк нырмæ дæр уыди, фæлæ йæм хъæуы фæсивæд ногæй базылдысты, саив æй кодтой. Ольгинскæйæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ чи ацыд, æмæ дзы æнустæм чи баззад, уыдоны номыл дзы сагъд ис 300 бæласы.

9-æм майы Уæлахизы парк кадджын уавæры байгом Ирыстоны рагондæр хъæутæй иуы – Ольгинскæйы
Уæвгæ дзы парк нырмæ дæр уыди, фæлæ йæм хъæуы фæсивæд ногæй базылдысты, саив æй кодтой. Ольгинскæйæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ чи ацыд, æмæ дзы æнустæм чи баззад, уыдоны номыл дзы сагъд ис 300 бæласы.

Уæлахизы боны, Ольгинскæйы, æнусон арты цурмæ æрæмбырд бирæ адæм, алчидæр йæхицæн хæсыл банымадта, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй чи нал зыздæхт уыдоны ном æрымысын, æмæ сын кад скæнын. Цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Хъæуæн ис хъæздыг истори, аккаг æвæрæн бахаста Стыр уæлахизмæ. Ууыл дзурæг у цыртдзæвæны къæйыл цы номгыгъд ис, уый дæр. Цæмæй сæ ном рох ма уа, æмæ сын се сгуыхтдзинæдтæ фæлтæрæй фæлтæрмæ зоной, ууыл архайынц хъæуы фæсивæд.

Фæсивæд, сæ сæргъы Цæллагкаты Алан афтæмæй, фæстаг цалдæр мæйы æнæрлæугæйæ архайынц хъæуы аив фæлгонц, сæйрагдæр та историон цаутыл дзурæг æвдисæндартæ сног кæныныл.
Æнустæм кад сæ хъæуæн скодтой Советон Цæдисы хъæбатыртæ Мамсыраты Хаджумар æмæ Цоколаты Геннадий, ацы хъуыстгонд хæстонты дæнцæгыл ахуыр кæнынц рæзгæ фæлтæр дæр. Уæдæ 41- æм азы хæсты быдырмæ ардыгæй цы фæсивæд ацыд, уыдон хсæн уыди æрыгон поэт Кочысаты Мухарбег дæр. Йæ фыст рæнхъытæ абон адæмы хсæн сты æнæмæлгæ.

Фæлæ 9-æм майы Ольгинскæйы сæйрагдæр мадзал уыди хъæуысæр. Уæлахизы парк ног хуызы фенын уæлдай æхсызгонддæр уыди ардыгæй рацæуæг адæмæн. Райсомæй изæрмæ дзы адæм æмызмæлд кодтой, ацы паркæн ис стыр историон нысаниуæг. Æхсызгон уый у, æмæ йын фæсивæд аккаг аргъ кæй кæнынц, бацархайдтой ацы номарæн бынат срайдзаст кæныныл. Алы зынгхуыст хæстоны номыл дæр дзы сагъд ис иу бæлас.
 
«Æмæ æрмæст уый нæ, бакуыстой хъæуы æддаг бакастыл дæр»,- зæгъы, бынæттон администрацийы сæргълæууæг Хæмыцаты Руслан. Уымæн сын баххуыс кодтой хицæн адæймæгтæ.

Мемориалон парчы цур Уæлахизы бон хъуыстысты бирæ мысæн æмæ арфæйы ныхæстæ. Иуæй сæнусон кодтой æдзард хæстонты ном, иннæмæй мемориалон парк зæгъæн ис, йæ хуыз скалдта. Ацы проект та сын бирæ хорз хъуыддæгты райдиан кæй у, уый дызæрдыккаг нæу.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania