филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:15 воскресенье, 01 февраля 2026
06 мая 2022, 13:31
9-æм майы агъоммæ Дзæуджыхъæуы райдыдта патриотон акци «Георгийы лент»

Иугонд Уæрæсейы фæсивæдон гвардийы æмæ Уæлахизы волонтертæ рацыдысты горæты уынгтæм

Зæрдылдарыны æмæ фæлтæрты бастдзинады символ. 9-æм майы агъоммæ Дзæуджыхъæуы райдыдта патриотон акци «Георгийы лент». Иугонд Уæрæсейы фæсивæдон гвардийы æмæ Уæлахизы волонтертæ рацыдысты горæты уынгтæм. Георгийы лентытæ фыццаг хатт адæмыл байуæрстой 2005-æм азы уалдзæджы, Уæлахизы 60 азы кадæн. Афтæ акци сси традицион. Иугонд Уæрæсейы минæвæрттæ ацы аз фæнд кæнынц 10 мин ленты раттын. Æмæ зæрдыл лæууын кæнынц патриотон лентытæ хъæуы хъахъхъæнын. Кæй хъуыди, уыдонæн ма радтой машинæтыл ныхасгæ патриотон нысантæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania