филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:12 суббота, 28 сентября 2024
07 мая 2021, 11:53
9-æм майы агъоммæ цы хорз традицитæ ныффидар сты, уыдоны хсæн ис – кинотрамвай «Победа»

Горæты маршрутмæ историон вагон рацæуы Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрисæй

9-æм майы агъоммæ цы хорз традицитæ ныффидар сты, уыдоны хсæн ис – кинотрамвай «Победа». Горæты маршрутмæ историон вагон рацæуы Дзæуджыхъæуы администрацийы хъæппæрисæй. Трамвай аивгонд у Стыр уæлахизы тематикæмæ гæсгæ. Мидæгæй та æвдыст цæуынц, адæм рагæй кæй бауарзтой, уыцы хæстон кинонывтæ. Дзæуджыхъæуы цæрджыты æмæ йæ уазджыты вагон лæвар ласдзæн горæты маршруттыл суанг 16-æм майы онг. Трамвай цæудзæн алы бон дæр 26-æм скъолайы цурæй Къостайы проспектыл 18 сахаты онг. Маршруты иу зылды бæрц рæстæмбисы нымадæй у сахат æмæ рдæг. Кæронбæттæн æрлæууæн дæр у 26-æм скъолайы раз. Æдæппæтæй та трамвай иу бонмы скæны дыууæ зылды.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania