филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:12 вторник, 03 ноября 2026
20 марта 2025, 10:38
9-æм майы агъоммæ «Уæлахизы 80 азы» юбилейон майдантæ саккаг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 14 архайæгæн

9-æм майы агъоммæ «Уæлахизы 80 азы» юбилейон майдантæ саккаг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 14 архайæгæн. Се *хсæн – ветерантæ, фронты фæсчъылдымы фæллойгæнджытæ, концлагерьты раздæры амæттæгтæ, хæсты сывæллæттæ. Æдæппæтæй Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы ацы категоримæ хауы 89 адæймаджы. Иннæ архайджыты бабæрæг кæндзысты сæ хæдзæртты 30-æм мартъийы онг. Кадджын мадзал арæзт æрцыд Ирыстойнаг районы адæмæн социалон лæггад кæныны комплексон центры. Акци бацæттæ кодтой социалон хъахъхъæнынады управлени æмæ Адæмон фронт иумæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania