филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:35 четверг, 14 ноября 2024
11 октября 2012, 10:37
9 мæймæ доны службæйы кусджытæ сбæрæг кодтой кæсагхъахъхъæнынады 136 закъонхæлды

Ацы азы 9 мæймæ Цæгат Ирыстоны доны æмæ биологон æвæрæнтæм цæстдарды службæйы кусджытæ сбæрæг кодтой кæсагхъахъхъæнынады 136 закъонхæлды.

Ацы азы 9 мæймæ Цæгат Ирыстоны доны æмæ
биологон æвæрæнтæм цæстдарды службæйы кусджытæ сбæрæг кодтой
кæсагхъахъхъæнынады 136 закъонхæлды.

Закъонхæлдытæн сæ фылдæр сты кæсæгтæ кæм
и, уыцы дæттæм алыхуызон чъизитæ æмæ арæзтадон бырæттæ кæй калынц, уый
аххосæй. Хицæн куыстуæтты фæивар кодтой æртын мин сомы бæрц.

Уымæй уæлдай сбæрæг кодтой, кæсаг ахсыны
фæтк чи фехæлдта, ахæмты дæр. Браконьертæ пайда кæнынц электрон
кæсагахсæнтæй, стæй кæсаг ахсынц, кæм не мбæлы, ахæм бынæтты. Уыдон та
ивар бафыстой 34 мин сомы. 15-æм октябрæй 15-æм декабрьмæ зынгæ бафтдзæн
балер æмæ æргъай кæсæгтыл. Уымæ гæсгæ, уыцы рæстæг сæрмагонд зонæйы
цыфæнды куыст дæр уыдзæн æнæзакъон.

Мхциаты Руслан: «Закъон чи хала, уыдон цæудзысты æфхæрд. Сæ хъуыддаг сын иу ратдзысты прокуратурæмæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania