филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:15 суббота, 28 сентября 2024
25 мая 2020, 15:38
93 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Кучиты Агуыбе

Уыд ахуыргонд, æхсæнадон архайæг, Цæгат Ирыстоны гумманитарон æмæ социалон иртæстыты институты разамонджытæй иу

93 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн ахуыргонд, æхсæнадон архайæг, Цæгат Ирыстоны гумманитарон æмæ социалон иртæстыты институты разамонджытæй иу – Кучиты Агуыбе.

Каст фæци историон факультет, æмæ йæ йе нтыстджын архайды тыххæй кафедрæмæ  райстой ассистентæй. Уæд райдыдта  Агуыбейы фæллойадон фæндаг. Куыста бирæ бæрнон бынæтты, æмæ кæдфæндыдæр йæ фæстæ уагъта рæсугъд фæд. Йæ ахадгæ фæллойы тыххæй Агуыбе хорзæхгонд æрцыди бирæ паддзахадон хæрзиуджытæй. Цæгат Ирыстоны обкомы дзуапп лæвæрдта ахуырады, наукæйы æмæ культурæйы фарстатæн. 1982-æм азы нысангонд æрцыди министрты советы цур истори, филологи æмæ экономикæйы институты директорæй. Бакуыста дзы 20 азæй фылдæр.

Кучиты Агуыбейы курдиатмæ гæсгæ институтæн бæстыхай радтой Сабырдзинады проспекты. Уый уыди историон цау.  Райдыдтой йын йæ техникон бындур фидар кæнын, æмæ Мæскуыйæ сластой Абайты Васойы хи библиотекæ. Ахуыргонды уникалон куыстыты  фæрцы, сæ бон бацис сæрмагонд фондтæн бындур сæвæрын. Кучиты Агуыбейы  рæстæг рухс федтой бирæ наукон куыстытæ.  Йе мкусджытæ æмæ йæ чи зыдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ Агуыбе уыди хæдæфсарм æмæ уæздан адæймаг, йæ юбилейтæ бæрæг кæнын-иу никуы уагъта, не мбырд кодта йæ хæрзиуджыты коолекцитæ дæр. Ахуыргонд йæ царды фæстаг бонтæм дæр кодта наукон куыст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania