филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:01 вторник, 16 декабря 2025
19 июля 2024, 11:37
95 сæххæст зындгонд советон спортсмен, уæгъдибар хъæбысæй хæцæг Хъуылаты Барисы райгуырды

Уый фæстæ 4 хатты уыд Советон Цæдисы чемпион æмæ 3 хатты æвзист призер, 1956-æм азы æвзист майдан рамбылдта Олимпаг хъæзтыты Мельбурны

Ацы бонты 95 сæххæст зындгонд советон спортсмен, уæгъдибар хъæбысæй хæцæг Хъуылаты Барисы райгуырдыл. Йæ хæстæджытæ, хиуæттæ, фæстæдæр та спортуарзджытæ йæ хонын райдыдтой Бази. 10 азы дæргъы уыд Уæрæсейы Федерацийы иугонд командæйы капитан. 1954-æм азы Хъуылаты Бази сси фæсивæды æппæтдунеон фестивалы уæлахиздзау. Уый фæстæ 4 хатты уыд Советон Цæдисы чемпион æмæ 3 хатты æвзист призер. 1956-æм азы æвзист майдан рамбылдта Олимпаг хъæзтыты Мельбурны, Стамбулы та рамбылдта дунейы Кубок. Спортивон карьерæйы фæстæ уыд стадион Спартачы æмæ спортивон комплекс Манежы директор. Хъуылаты Базийы ном сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыд нæ бæстæйы спорты историйы. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.

Фæлмæнзæрдæ æмæ фидар удыхъæды хицау. Фыццаг ерысты фæстæ йæ схондзысты уæгъдибар хъæбысхæсты легендæ. Хъуылаты Барис чемпион суæвыныл никуы хъуыды кодта. Стыр спорты дунеимæ баст нæ уыд. Куыста шофырæй, фæлæ йын цардæй лæвар уыд æндæр хъысмæт.

Æппæты разæй рамбылдта дунейы студентты хъæзтытæ. Фæстæдæр – фæсивæды фестиваль. 1956 азы Мельбурны Олимпиадæйы та рамбылдта æвзист майдан. Уыцы уæлахиздзинад ын æнцонæй нæ бантыст. Ерысты размæ Хъуылаты Бадзи тынг ныццавта йæ уæраг. Афтæмæй алчи нæ хæцдзæн хъæбысæй. Фæлæ уый, йæ уæраджы рыст ферохгæнгæйæ, рацыд гауызмæ.

Бадзи Ирыстоны фыццаг сси Советон Цæдисы спорты мастер уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уыцы кадджын ном-иу саккаг кодтой æрмæст Олимпиадæйы уæлахиздзаутæн. Хъуылаты Бадзи уыд иунæг хъæбысæй хæцæг, уыцы ном, Олимпиадæйы æвзист майдан рамбулгæйæ, кæмæн саккаг кодтой, ахæм. Æмæ кæд Олимпаг сызгъæрин майданы хицау не сси, уæддæр йæ уарзон Ирыстоны нымад уыд стыр хъæбатырыл.

Уый тыххæй æмæ алы адæймаг дæр зыдта – Бадзи никæйы фæсайдзæн. Цавæр фæнды хæс дæр сæххæст кæндзæн. Алы хъуыддаджы дæр суыдзæн уæлахиздзау.

Куысты – тызмæг, бинонтимæ – зæрдæхæлар. Хъуылаты Бадзи уыд уарзæгой фыд æмæ цардæмбал. Сæйрагдæр ын йæ царды уыдысты йæ бинонтæ.

Бадзи йæ чызджыты спортмæ æмхиц нæ кодта. Нæ йæ фæндыди, цæмæй уыдон дæр спорты бæрзæндтæм хизгæйæ,  йæхи хуызæн зындзинæдтæ æвзарой, уый.

Хъуылаты Бадзийы хуызæн спорт бауарзтой йæ цоты цот дæр. Равзæрстой къæдзæхтæ хизыны спорты хуыз. Уыдон æдзухдæр фæмысынц сæ зæрдæхæлар æмæ цæстуарзон хистæры.

Бирæ сгуыхтдзинæдтæ бафтыд йæ къухты. Фæлæ адæмы фарнæй хайджын кæй уыд, уый уыд йæ царды сæйраг æнтыстдзинад. Уарзтой йæ зæрдиагæй. Йæхæдæг дæр сæм дардта уарзон цæстæнгас.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania