Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег
980 уæзласæн машинæйы лæууынц республикæйы фæндæгтыл, уыдонæй 810 сты сæрмагонд æрлæууæнты. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Уымæй уæлдай, йæ хъусынгæнинагмæ гæсгæ ивгъуыд къуыри «Уæллаг Ларс»-ы арæнты сæрты дыууæ рдæм дæр ахызти 24 мин машинæйы. Æмбырды ныхас цыди регионы эпидемиологон уавæрыл дæр. Грипп æмæ æндæр хæцгæ низты æмвæзад Цæгат Ирыстоны у сезонмæ гæсгæ. Бæрнон кусджытæ бæстонæй æрдзырдтой кадрты фарстайыл дæр. Афтæ, республикæйы æххуысгæнæгæй нысангонд æрцыди Нартыхъты Алыксандр. Йæ размæ вæрд хæстæй иу уыдзæн – ирон æвзаг нымæцон хуызмæ раивыны программæ царды рауадзын.




