филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 суббота, 31 января 2026
13 июня 2019, 12:35
Уæрæсейы бон ма Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав паспорттæ радта республикæйы алы районтæй лæппутæн æмæ чызджытæн

Кадджын æмбырд арæзт æрцыд хицауады хæдзары. Сæ царды сæйраг документ райстой 26 скъоладзауы.

Уæрæсейы бон ма Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав паспорттæ радта республикæйы алы районтæй лæппутæн æмæ чызджытæн. Кадджын æмбырд арæзт æрцыд хицауады хæдзары. Сæ царды сæйраг документ райстой 26 скъоладзауы. Ноджыдæр ма 34 14-аздзыд адæймагæн паспорттæ радтой Мидхъуыддæгты министрады музейы. Кадджын уавæры сын сæ радтой зындгонд параспортсментæ — Виталия Назаренко, Лекъты Алыксандр æмæ йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæтты спортивон скъолайы директор Гаглойты Валерий.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania