Дыууæ дæр цæрынц сæхи, æмæ Беслæны 20 азы размæ йæ цард кæмæн аскъуыд, уыдоны бæсты дæр
Ныр 20 азы бæрц Беслæн у, зæрдæ чи риссын кæны, ахæм бынат. Уæлдайдæр та уыцы æртæ æнамонд боны сæхиуыл чи бавзæрста, уыдонæн. Фæлæ цæрынц дарддæр… Нæ программæйы уæ базонгæ кæндзыстæм Гасынты Алетæимæ стæй Дзебысаты Светланæимæ. Дыууæ дæр цæрынц сæхи, æмæ Беслæны 20 азы размæ йæ цард кæмæн аскъуыд, уыдоны бæсты дæр. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.
Беслæн – цæстысыгтæ рустыл кæм æрызгъорынц, ахæм бынат. Æмæ сæ кæд азтæ басур кодтой, уæддæр чи фервæзт, уыдоны зæрдæтæн сæ рыст не *нцайы. Рæстæг дæр ацы хъуыддаджы у æдых. Уацары чи уыд, уыдон сæ рыст фæкъаддæр кæнынæн, уыдысты, 3 боны кæй фарсмæ арвыстой, уыдонимæ иумæ. Сæ рыст сын кæрæдзийæ хуыздæр чи бамбæрстаид?! Гасынты Алетæ æмæ Дзебысаты Светланæ сыхæгтæ сты. Уæд Алетæ скъоламæ æрбацыд йæ чызджытæ Санетæ æмæ Аминæимæ æмæ уыдоны дадаимæ. Чызджытæ аирвæзтысты, зæронд лæг – нæ.
Дзебысаты Светланæйы раз уыцы бонты уыдысты йæ сывæллæттæ – фырт Азæмæт æмæ хæрæфырт Зауыр. 5-æм къласы ахуырдзау Зауырæн уыдон уыдысты йæ царды фæстаг бонтæ. Террористтæ йын йæ ныфс нæ асастой. Йæ царды фæстаг уысмы онг дæр лæууыд фидарæй. Уыцы бонтæ Светланæ хорз хъуыды кæны.
Скъолайы ахъардта теракты æнаххос амæттæгты туг.
334 адæймаджы , уыдонæй 186 – сывæллæттæ. Ам уацары цы 1128 адæймаджы уыд, уыдон зæххыл цæргæйæ бахаудысты зындонмæ. 3 боны спортивон залы, срæмыгъдтытæ. Чи аирвæзт, уыдон лыгъдысты уынгмæ. Уæд адæм æнхъæл нæ уыдысты, террорист цары æмбæхст кæй уыд, уый. Хæцæнгæрзты нæмгуытæ сыл ихуарæгау калдысты, афтæмæй сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæ лыгъдысты сæрибар цардмæ.
Ам фæмард Гасынты Алетæйы хæдзары хистæр – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Сабанты Тæрхъан. Хæстæй йын бантыст йæ райгуырæн зæххмæ сыздæхын, фæлæ фæмард, йæхи къухтæй цы спортзал сарæзта, уым.
Гасынты Алетæ хорз хъуыды кæны уыцы бонтæ. Срæмыгъдтыты фæстæ террористтæ бадгæ чи кодта, уыцы адæмы слæууын кодтой. Цæф чи уыд, æмæ сын сæ домæнтæ чи нæ *ххæст кодта, уыдоны-иу фехстой. Иннæты фæстæ æмбæхсгæйæ, æхстой сæрмагонд оргæнты кусджыты.
Террористтæн нæ феххуыс, сывæллæтты фæстæ æмбæхсгæйæ сæрмагонд оргæнты кусджыты кæй æхстой, уый дæр. Уыцы лæппутæ, сæхиуыл нæ хъуыды кæнгæйæ, ирвæзын кодтой, уацары чи бахауд, уыдоны. 10 офицеры афтæмæй фæмард сты. Чи аирвæзт, уыдон дарддæр цæрынц сæхи æмæ Беслæны 20 азы размæ йæ цард кæмæн аскъуыд, уыдоны бæсты дæр.




