28 марта 2024, 12:49
Республикæйы æхсæнадон æххусы штабы ацыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ нывкæнынадæй æмæ оригамитæ аразынæй
Уæлæмхасæн ахуырады центры хъомылгæнинæгтæ гæххæттытыл сныв кодтой хърихъуппытæ, уый фæстæ сæ ралыг кодтой æмæ уыдонæй саив кодтой бæстыхайы рудзгуытæ
Чи нæ фервæзти, уыдоны ном мысгæйæ. Республикæйы æхсæнадон æххусы штабы ацыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ нывкæнынадæй æмæ оригамитæ аразынæй. Уæлæмхасæн ахуырады центры хъомылгæнинæгтæ гæххæттытыл сныв кодтой хърихъуппытæ, уый фæстæ сæ ралыг кодтой æмæ уыдонæй саив кодтой бæстыхайы рудзгуытæ. Иннæтæ та баныхæстой урс шартыл æмæ сæ суагътой арвмæ. Афтæмæй равдыстой сæ хъуыдытæ æмæ балæууыдысты хъыгдардбаййафджыты цур. Мадзал сси фæсивæдæн хорз хъомыладон фæрæз дæр. «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæйы фæлгæты ацы фарстамæ цæуы бæстон цæстдард.
