80 аздзыдæй рацыд фæллойадон пенсимæ, фæлæ йæ хъæуы цæрджытæ æмæ йæ æмгусджытæ нæ рох кæнынц
Цæргæбонты æрхъуыдыдзинад æмæ зæрдæйы хъарм лæвар кодта адæмæн! Абайты Риммæ 60 азмæ хæстæг фæкуыста Черменыхъæуы амбулаторийы. 80 аздзыдæй рацыд фæллойадон пенсимæ, фæлæ йæ хъæуы цæрджытæ æмæ йæ æмгусджытæ нæ рох кæнынц. Бафæндыд сæ йæ райгуырæн боны фæдыл ын бæрæгбон саразын. Уыд дзы не сфæлдыстадон къорд дæр. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.
Æнæмæнг, Хъуыссæты Мæирбеджы фæндонмæ гæсгæ арæзт æрцыд иу адæймаджы бæрæгбон. Æрхъуыдыдзинадæй фæхайджын Черменыхъæуы цæрджытæн 60 азмæ хæстæг чи фæллæггад кодта, уыцы Абайты Риммæ. Уый йæ царды фылдæр хай балæвар кодта хъæуы амбулаторийы куыстæн, адæмы æнæниздзинадыл архайдæн. Йæ уыцы фæллæйттæ йын хъуыды кæнынц черменæгтæ æмæ йын сæ номæй раарфæ кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы уынаффæгæнæг, ацы хъæуы йæ сабибонтæ кæмæн рацыдысты, уыцы Хъуыссæты Маирбег.
Мæирбег бацархайдта Римæйæн райдзаст æнкъарæнтæ балæвар кæныныл.Уыцы хъуыддаг баххæст кодтой , фæлтæрдджын медицинон кусæджы æмкусджытæ. Риммæ кæд авд азы нал кусы амбулаторийы, уæддæр æй нæ рох кæнынц, мысынц ын йæ куысты сусæгдзинæдтæ, йæ уды хорз миниуджытæ.
Риммæ фæллойадон пенсимæ рацыд 80 аздзыдæй. Уæды уонг та фæллад нæ зонгæйæ, æхсæв æмæ бон нæ иртасгæйæ æххуыс кодта адæмæн сæ бахъуаджы рæстæг.
Хъуыссæты Маирбегимæ Риммæйы удæн хъæлдзæгдзинад балæвар кæныныл бацархайдтой доулисты ансамбль «Ритмы гор» ,Хуссар Ирыстоны националон ансамбль «Симд»-ы разамонæг Саппиаты Зæлинæ, Черменыхъуы культурæйы хæдзары хъомылгæнинæгтæ.
Иу адæймаджы бæрæгбон дзурæг у , хæсты сывæллон Абайты Риммæйæн йæ куыст дæр æмæ йæ цард дæр адæмы аккаг, фæзминаг кæй сты, ууыл.




