филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:22 вторник, 16 декабря 2025
10 апреля 2014, 17:15
Абайты Васойы номыл уынджы цæрджытæ цалдæр азы тыхсынц æнæ рухсæй

Уалдзæджы ралæудимæ бæстæ рæсугъд æмæ райдзаст кæны, ацы уынджы хæдзæртты цæрджыты фатерты та талынг. Уæлдайдæр та къæвдаджын рæстæг куы вæййы, уæд. Цалдæргай боны

Абайты Васойы номыл уынджы цæрджытæ цалдæр азы тыхсынц æнæ рухсæй
Уалдзæджы ралæудимæ бæстæ рæсугъд æмæ райдзаст кæны, ацы уынджы хæдзæртты цæрджыты фатерты та талынг. Уæлдайдæр та къæвдаджын рæстæг куы вæййы, уæд. Цалдæргай боны хæдзæртты нæ вæййы электрон тых æмæ рухс. Афтæмæй та фидгæ дæр афоныл кæнынц. Цæмæн æмæ кæй аххосæй æййафынц адæм ахæм зындзинæдтæ, æмæ сын чи хъуамæ баххуыс кæна?

Дзæуджыхъæуы Абайты Васойы уынджы 69-æм хæдзары цæрæг Светлана Пахомина радон хатт дзуры сæрмагонд службæтæм. Фæнды йæ сбæрæг кæнын, ацы хатт та сæ хæдзар æнæ рухсæй цæмæн баззад, уый. Алы уалдзæг, къæвдатæ куы райдайынц уæд сæ хæдзармæ электрон тых æххæстæй нал фæцæуы. Ахæм уавæры Абайты Васойы уынджы сты 6 хæдзары цæрджытæ. Хъаст дæр кæнынц, бæрнон кусджыты дæр сæ уавæримæ базонгæ кодтой. Фæлæ сæм уæддæр хъусдарæг нæй.

Сæвзæрд уавæр сын æмбарын кæны сæ зылды префект. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæрджытæм электрон тых кæцæй цæуы, уыцы трансформаторон бæстыхай ис раздæры агуыридургæнæн заводы фæзуаты. Уымæ гæсгæ йыл нæдæр горæты администрацийы, нæдæр префектурæйы кусджыты бон нæ цæуы. Дзуапп ын дæтты, кæй исбоны ис, уыдон – агуыридургæнæн заводы хицауад.

Ахæм дзуаппы фæстæ цæрджытæ сæ хъастимæ сæ фæндаг акодтой «Севкавказэнерго»-мæ. Фембæлдысты куыстуаты разамынддæттæг хицауы фыццаг хæдивæг Милдзыхты Вячеславимæ.

Уæд цæрджытæ, æцæгæй дæр не сразы сты дæлстанцæ сæ рудзгуыты бын сæвæрыныл – йæ бынат уым нæй, зæгъгæ. Кæрты сывæллæттæ, фæсивæд…фыдбылызæн та бирæ нæ хъæуы. Стæй адæмы æнæниздзинадæн пайда кæй нæу, уый дæр сæ тыхсын кæны. Фæлæ æнæ уымæй дæр зын у. Уавæр куыд банывыл кæнæн ис æмæ ног дæлстанцæ кæм саразæн ис, уый базонынæн та ацыдысты куыстуат «Аланияэлектросеть»-мæ. Куыстуаты генералон директор Беккуызарты Исламы ныхæстæм гæсгæ, ацы хæдзæртты цæрджытæ хъæстытæ рагæй цæуынц. Дзæуджыхъæуы администрациимæ дæр ууыл цалдæр хатты ныхас кодтой. Ныр ссардтой мадзæлттæ, се ппæт иумæ æрцыдысты иу хъуыдмæ – ног трансформаторон дæлстанцæ саразын. Сæйрагдæр уый у, æмæ хæдзæрттæм хæстæг нæ уыдзæн. «Хæстæгдæр мæй йæ райдайдзыстæм монтаж кæнын æмæ хъуамæ скуса» – зæгъынц энергетиктæ. Фæлæ ма цæрджытæ хъуамæ бафыссой бадзырд, разы кæй сты, уый тыххæй. Ныртæккæ уал цæрджытæм рухс æмæ электрон тых радтой. Иууылдæр æнхъæлмæ кæсынц ног дæлстанцæйы арæзтадмæ. Сæ зæрдæ дарынц, уæд сæм рухс æххæстæй æмæ æнæ къуылымпыйæ кæй цæудзæн, ууыл. Дзæуджыхъæуы та иу лыггæнинаг фарста фæкъаддæр уыдзæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania