филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 суббота, 28 сентября 2024
14 сентября 2021, 11:50
Абайты Васойы цыртдзæвæны эскизы алыварс фæзынд бирæ ныхæстæ социалон хызты

Республикæйы цæрджыты тыхсын кæны уый, æмæ цыртдзæвæныл хъуамæ уой иронау фыстытæ дæр

Æвзагиртасæг, зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы цыртдзæвæны эскизы алыварс фæзынд бирæ ныхæстæ социалон хызты. Стыр æргом аздæхтой йæ фыстытæм. Ома республикæйы цæрджыты тыхсын кæны уый, æмæ цыртдзæвæныл хъуамæ уой иронау фыстытæ дæр. Архитектурæйы æмæ арæзтады комитеты куыд радзырдтой, афтæмæй ивгъуыд аз декабры сæрмагонд къамис 20 куыстæй равзæрста скульптор Цхуырбаты Оледжы эскиз. Къамисы хсæн та уыдысты архитектурон æхсæнады минæвæрттæ, нывгæнджытæ, скульптортæ æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы специалисттæ. Фæлæ, зæгъын хъæуы уый, æмæ цыртдзæвæны эскизы кæронбæттæн хуыз нæу. Чи зоны, æмæ йæм бахæсдзысты ивддзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania