филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:08 четверг, 05 июня 2025
20 мая 2025, 10:41
Абайты Васойы уынджы 87-æм хæдзары 5-æм корпусы цæрджытæ ныр бирæ азты æнхъæлмæ кæсынц сæ риссаг фарстатæ лыггонд куы æрцæуой, уымæ

Уæлдай зын уавæр вæййы къæвдаты рæстæг

Бæстыхайы кæлæддзаг сæр, зæронд пъадвалтæ, сывæллæттæн нæй хъазæн фæз æмæ бацæуæнтæ базилинаг. Дзæуджыхъæуы Абайты Васойы уынджы 87-æм хæдзары 5-æм корпусы цæрджытæ ныр бирæ азты æнхъæлмæ кæсынц сæ риссаг фарстатæ лыггонд куы æрцæуой, уымæ. Уæлдай зын уавæр вæййы къæвдаты рæстæг. Æххуысмæ фæсидтысты Адæмон фронты минæвæрттæм. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Къæвдаты сезонимæ Абайты Васойы уынджы 87-æм бирæфатерон хæдзары 5-æм корпусы цæрджытæн райдайы æцæг квест: фæхъæуы сæ сæ фатертæ бахъахъхъæнын уымæладæй. Уый тыххæй фæпайда кæнынц мигæнæнтæй, ведратæй. Фæлæ ахæм фæрæзтæ не ххуыс кæнынц – обойæтæ раныхæсынц, къултыл фæзыны хъуына. Æлборты Александрæ йæ бинонтимæ цæры 5-æм уæладзыджы. Фарста алыг кæныныл сæхæдæг архайдтой – сæ фатеры сæрмæ цар сцалцæг кодтой. Уавæр нæ аивта.

1-æм подъезды цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй советон дуджы арæзт хæдзар никуы цалцæг кодтой. Æрмæст бæстыхайы сæр нæ тыхсын кæны адæмы. Хъаст кæнынц пъадвалты уавæрæй – ис дзы къогъотæ, хæфсытæ, уырытæ. Бынæттон цæрджытæ сидтысты бæрнон структурæтæм, фæлæ фарстатæ лыггонд нæ цæуынц.

Ахæм дзуæппытæ исынц 3-æм подъезды цæрджытæ дæр. Сæ корпусы пъадвалтæй фæстæмæ ма базилинаг у кæрты территори, нæй дзы сывæллæттæн хъазæн фæз, бындурон сцалцæг кæнын хъæуы подъездтæ æмæ хæдзары разуынд.

Сæ хъаст цæрджытæ бахастой адæмон фронты республикон хайадмæ. Æхсæнадон архайджытæ бынат бабæрæг кодтой æмæ федтой уавæр.

Адæмон фронты минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм ахæм курдиæттæ чысыл нæ вæййы, æмæ дзы иу дæр æнæ дзуаппæй нæ баззайы. Уымæн æмæ адæмæн æххуыс у сæ сæйраг нысан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania